Цæгатирыстойнаг альпинист Рамазанты Рафаэль сарæзта тагъд сцыд Эльбрусмæ

© Sputnik / Анатолий АбисаловРамазанты Рафаэль сарæзта тагъд сцыд Эльбрусмæ
Рамазанты Рафаэль сарæзта тагъд сцыд Эльбрусмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсментæ хохы цъуппыл æрсагътой Хуссар Ирыстоны тырыса æмæ республикæйы 25 азы цытæн юбилейон баннер ахуырдгонд-æвзагзонæг Абайты Уасо æмæ адæмон хъайтар Коцты Бегайы къамтимӕ.

ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik. Скайраннингæй Цæгат Ирыстоны æмбырдгонды капитан Рамазанты Рафаэль сарæзта тагъд сцыд Европæйы бæрзонддæр хох — Эльбрусмæ, фехъусын кодта Sputnik РЦИ-А скайраннингы Федерацийы сæргълæууæг, сгуыхт ирвæзынгæнæг Абисалты Анатолий.

"Рафаэлы æнтыст — æртæ сахат æмæ æрдæг ацы æрдзон уавæрты у иууыл фылдæр спортивон æнтыст", — банысан кодта Абысалы фырт.

Спортсментæ хохы цъуппыл æрсагътой Хуссар Ирыстоны тырыса æмæ республикæйы 25 азы цытæн юбилейон баннер ахуырдгонд-æвзагзонæг Абайты Уасо æмæ адæмон хъайтар Коцты Бегайы къамтимӕ.

© Sputnik / Анатолий АбисаловХох Эльбрус.
Гора Эльбрус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хох Эльбрус.

Экспедици сорганизаци кодта æхсæнадон змӕлд "Аланты тырыса"-йы сæргълæууæг Цуциты Сослан. Сцыды идейæйы автор у ахуырады фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Тæболты Тамара. Сцыды сын баххуыс кодта Эверестмæ дыууæ хатты чи схызт, уыцы Абдул-Халим Эльмезов.

Абысалы фырт ма загъта, кæй цæттæ кæны Рамазаны фырты тагъд сцыдмæ Эверестмæ, дарддæр та нывæзты ис авд континеты бæрзонддæр хæхты цъуппытæм схызт — Аконкагуа (Хуссар Америка), Костюшко (Австрали), Мак Кинли (Цæгат Америка), Массив Винсон (Антарктида).

Ног хабӕртты лентӕ
0