Дзæуджыхъæуы рабӕрӕг конкурс "Ирон бæгæны – 2015"-ы уӕлахиздзау

© Sputnik / Ада БагианДзæуджыхъæуы рабӕрӕг конкурс "Ирон бæгæны – 2015"-ы уӕлахиздзау
Дзæуджыхъæуы рабӕрӕг конкурс Ирон бæгæны – 2015-ы уӕлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг бынат бацахста хъӕу Красногоры цӕрӕг Кобесты Аза, уымæн лæвæрд æрцыд 80 мин сомы. Дыккаг бынат адих кодтой Мæздæг æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ, лæвæрд сын æрцыд фæйнæ 20 мин сомы. Æртыкаг бынат чи бацахста, уыдон та хорзæхджын æрцыдысты фæйнæ 15 мин сомæй.

ЦХИНВАЛ, 30 окт —Sputnik. Дзæуджыхъæуы кæронмæ бахæццæ ирон бæгæныйы фестиваль-конкурс "Ирон бæгæны — 2015", хайад дзы райста хуссарирыстойнаг бӕгӕныфыцӕг дӕр, хъусын кӕны 15 регион.

Конкурс уагъд цӕуы ныр цалдӕр азы, хайад дзы райсынц бӕгӕныхсидджытӕ ӕрмӕст Ирыстонӕй нӕ, фӕлӕ ма Кæсæг-Балхъарæй дӕр. Финалы размӕ Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ иннӕ хайадисӕг республикӕты дӕр уагъд ӕрцыдысты конкурсы ӕвзарӕн туртӕ. Хуссар Иры ӕвзарӕн тур ацыд 6 октябры.

 Дегустаторы решили, что самое вкусное пиво варят  в селе Кроз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дегустаторты хъуыдымӕ гӕсгӕ, иууыл хуыздӕр бӕгӕны фыцынц Кърозы хъӕуы.

Финалы хайад райстой 11 конкурсанткæйы, уыдонæй дыууæ уыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъарæй. Фыццаг бынат бацахста хъӕу Красногоры цӕрӕг Кобесты Аза. Уымæн лæвæрд æрцыд 80 мин сомы. Уæлахиздзауы ныхæстæм гæсгæ йын ацы уӕлахиз уыд бынтон æнæнхъæлæджы.

"Нæ хъуыды кодтон, фыццаг бынат кæй бацахсдзæн, уымæн æмæ фестивалы хайад иста бирæ адæм, алчидæр сæ уыд хорз цæттæ. Ацы фестиваль у нысаниуæгджын ӕппӕт Ирыстонæн æмæ хъæуы нæ рæзгæ фæлтæрты, парахат кæны фыдæлтæй баззайгæ традицитæ. Уæд ирон бæгæны нæ фесæфдзæн", — загъта Кобесты Аза.

Дыккаг бынат адих кодтой Мæздæг æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ, лæвæрд сын æрцыд фæйнæ 20 мин сомы. Æртыкаг бынат чи бацахста, уыдон та хорзæхджын æрцыдысты фæйнæ 15 мин сомæй.

Хуссар Ирыстоны равзæрстой хуыздæр бæгæныхсидæджы

"Уый æрмæст ирон бæгæныйы фестиваль нæу, фæлæ ма ирон культурæйы фестиваль дæр. Хорз уаид, æмæ уый уагъд куы цæуид æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма ирæттæ цы æндæр бынæтты цæрынц, уымыты дæр", — загъта РЦИ хицауады сæрдар Битарты Вячеслав.

Уымæй дарддæр ма алы район-хайадисæг уазджыты размæ рахаста йæ уæлæмхас сфæлдыстад. Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат-Ирыстоны театры фойейы, цыран уагъд цыд мадзал, айтынг сувенирон продукцийы равдыст. Организаци æрцыд концертон программæ дæр.

Фестивалы организатортæ уыдысты республикæйы культурæйы министрад, этнотуризм æмæ традицион культурæйы центр "Фарн" æмæ компани "Бавария".

Ног хабӕртты лентӕ
0