Дзиоты Земфирæйы куклæтæ: скульптурæ æви ювелирон дæсниад?

© Sputnik / Дзерасса БиазартиВыставка кукол Земфиры Дзиовой
Выставка кукол Земфиры Дзиовой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Земфирӕ йӕ куклӕты уæлæдарæс фæлынды пейзажы элементтæй, сæ къабаты дагъты æмбæхст сты мæргътæ, хæхтæ, бæлæстæ æмæ хæдзæрттæ. Ацы куклæтæ цыма Дзæуджыхъæуы уынгты, бæлæсты сæрты сæ базыртæ æнæзмæлгæйæ тæхынц, цæрджыты фынæй хъахъхъæнгæйæ.

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы, Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом Дзиоты Батраз æмæ Земфирæйы равдыст.

Дзиоты Батраз у ирон нывгæнджыты минæвар, кæцытæ 70-æм æзты сарæзтой ног ирон аивад. Йæ фæлмæн, райдзаст нывтæ йемыдзаг сты уæлдæфæй, хурæй, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадæй. Йæ фыды номыл, кæцы йæ цардæй ахицæн 2013 азы, йæ чызг — зынгæ нывгæнæг Дзиоты Земфирæ сарæзта иумæйаг равдыст. Батразы рæсугъд æмæ графикон куыстыты цур сæ бынат ссардтой Земфирæйы уникалон авторон куклæтæ дӕр.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЗемфирæйы авторон куклæ
Кукла Земфиры Дзиовой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Земфирæйы авторон куклæ

Равдысты куклæтæ фæлыст сты чындздзон æмæ националон, афтæ ма фантазион костюмты. Сæ уæлæдарæс фæлынд сты пейзажы элементтæй, сæ къабаты дагъты æмбæхст сты мæргътæ, хæхтæ, бæлæстæ æмæ хæдзæрттæ. Ацы куклæтæ цыма Дзæуджыхъæуы уынгты, бæлæсты сæрты сæ базыртæ æнæзмæлгæйæ тæхынц, цæрджыты фынæй хъахъхъæнгæйæ.

Аивадзонджытæ Дзиоты Земфирæйы куыстытӕ абарынц тæрхон скульптурæимæ, фæлæ уый æмрæстæджы фæстæ нæ лæууынц ювелирон дæсниадæй.

"Ирыстоны националон дарæсы фигурæтæ аразыны хъуыддаг хъахъхъæд æрцыд абоны онг. Фæлæ Земфирæ ссардта йæхи оригиналон здæхт, кæцы йын фадат радта иннæ нывгæнджыты æхсæн ирдæй разынынӕн, уый сарæзта куклæ-фæлгонц, куклæ-скульптурæ. Земфирæйы куыстытæ сты хæдбындур, ис сын уникалон авторон характер", — банысан кодта аивадзонæг Биазырты Людмилæ.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиВыставка кукол Земфиры Дзиовой
Выставка кукол Земфиры Дзиовой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Выставка кукол Земфиры Дзиовой

Земфирæйы ныхæстæм гæсгæ, уый куклæтæ аразын сахуыр кодта йæ нана. Уыцы куклæтæ уыдысты хуымæтæг, арæзтой сæ хъæдын бындурыл хъуымац æмæ нымæты скъуыддзæгтæй, фæлæ уыдон ирд тæлмæнтæ ныууагътой чызджы цардыл æмæ бандæвтой йæ фидæныл.

"Мæ мад бахатыд мæ нанамæ, цæмæй мæ истæмæй аирхæфса æмæ мын уый фенын кодта, куыд аразын хъæуы куклæ. Уæдæй фæстæмæ (цыд мыл цыппар азы) фæцайдагъ дæн ацы хъуыддагыл æмæ йын снывонд кодтон мæ цард", — дзуры нывгæнæг.

Равдысты ма æвæрд сты ахæм сюжетон композицитæ — ацæргæ сылгоймæгтæ бадынц сæ дзæуджыхъæуккаг хæдзæртты тыргътыл. Хъæдын нывæфтыд дуæртты раз ивгъуыд замантæй нанатæ æнхъæлмæ кæсынц сæ хъæбулы хъæбултæм, сывæллæттæм, уазджытæм. Уыдон æвдисынц ивгъуыд заманты фæлгӕнцтӕ.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиВыставка кукол Земфиры Дзиовой
Выставка кукол Земфиры Дзиовой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Выставка кукол Земфиры Дзиовой

Ацы горæт раджы фæтары, нал сты ацы тыргътæ, ацы дуæрттæ, нал сты ацы нанатæ дæр…Фæлæ, цæмæй Дзæуджыхъæуы уазджытæ кæнæ чысыл сабитæн фенын кæнæм, куыд рæсугъд уыд нæ горæт цалдæр азы размæ, уый тыххæй сæ фæуазæг кæнын хъæуы Дзиоты Земфирæйы æрмадзмæ, науæд та Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы равдыстмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0