"Джахъо"-йы хъуыддаджы фæдыл æрцахстуæвджытæн адарддæр кодтой сæ ахæсты æмгъуыд

© Архивное фотоЗадержание преступника
Задержание преступника - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РЦИ-Аланийы уæлдæр тæрхондон рахаста уынаффæ фыдгæнджыты къорд "Джахъо"-йы уæнгтæй цыппарæн сæ ахæсты æмгъуыд адарддæр кæныны тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Уæлдæр тæрхондон адарддæр кодта Гæджиты Асланы ("Джахъо"-йы) фыдгæнон къорды уæнгтæй цыппарæн сæ ахæсты æмгъуыд, хъусын кæны 15 регион.

Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ

Къодоты Дмитрий, Юртов Руслан, Таутиты Эрик æмæ Зассеты Иналы аххосджын кæнынц фыдгæнæг къорд саразыны, бандитизм æмæ æнæзакъонон æгъдауæй хæцæнгарз æлхæныны хъуыддаджы.

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, уыдон 2004 азы бацыдысты фыдгæнон къорд "Джахъо"-йы скондмæ.

Республикæйы уæлдæр тæрхондонмæ 5 февралы бацыд уынаффæ æрцахстуæвджытæн сæ ахæсты æмгъуыд адарддæр кæныны тыххæй. Ацы адæмы фæдыл уголовон хъуыддаджы нымæц у 250 томæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0