СК: Дзæуджыхъæуы æрцахстой 79-аздзыд цæрæджы чысыл лæппуйæн тыхми бакæныны тыххӕй

© Sputnik / Роин БибиловДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Слестгæнæн органты версимæ гæсгæ, фыдгæнæг цалдæр хатт бакодта тыхми йæ фарастаздзыд сыхаг лæппуйæн.

ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Слестгæнæн комитет бакодта уголовон хъуыддаг Дзæуджыхъæуы 79-аздзыд нæлгоймаджы ныхмæ, кæцы цалдæр хатт бакодта тыхми йæ фарастаздзыд сыхаг лæппуйæн, хъусын кæны СК регионалон управленийы пресс-службæ.

Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуккаг сылгоймаг бафæлвæрдта йæ сывæллоны ауæй кæнын

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, фыдгæнæг иу азы мидæг цалдæр хатт бакодта тыхми сыхаг фарстаздзыд лæппуйæн. Баконд æрцыд уголовон хъуыддаг "цыппæрдæс аз кæуыл нæма сæххæст, ахæм æнахъомтæн тыхми саразыны" статьяйы фæдыл.

"Иттæг хорз нывæзтгонд æмæ ауадзгæ слестгæнæн æмæ оперативон- агурæн мадзæлтты фæрцы фыдгæнæджы бантыст æрцахсын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ныридæгæн скъуыддзаг цæуы фыдгæнæгæн тæрхон рахæссыны фарст.

Ног хабӕртты лентӕ
0