Обри Мишель йӕ ирон уарзоны тыххӕй загъта "нӕ" америкӕйаг ӕмбӕстагадӕн

© Архив Обри Мишель АлленОбри Мишель Аллен, архивон къам.
Обри Мишель Аллен, архивон къам. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бинонтӕ ӕмӕ ӕввахс адӕмы ныфс уыд, дыууӕ уарзӕгой уды хъысмӕтыл ӕвӕрццагӕй кӕй бандавдзӕн Уӕрӕсейы президент Владимир Путин, фӕлӕ сӕ фарст нӕ райхъуыст эфиры президентимӕ "комкоммӕ хаххы" рӕстӕджы.

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Обри Мишель Аллен ныффыста куырдиат америкӕйаг ӕмбӕстагадӕн "нӕ зӕгъыны" тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik Хацырты бинонтӕ, кӕцыты чындзаг у АИШ ӕмбӕстаг. Ныр чызджы уӕддӕр куы феддӕдуар кӕной Цӕгат Ирыстонӕй, уӕд ӕм Америкӕйы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц серьезон проблемӕтӕ.

Мӕздӕджы районӕй ӕвзонг лӕппу Хацырты Алан ӕмӕ америкӕйаг Обри Мишель Аллен базонгӕ сты интернеты руаджы. Чызг ӕрцыд Ирыстонмӕ, цыран уарзӕттӕ фӕнд кодтой сӕ цард баиу кӕнын. Фӕлӕ цалдӕр административон фӕткхалды тыххӕй Одримӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы депортаци.

Америкæйаг "ирон чындз"

Бинонтӕ ӕмӕ ӕввахс адӕмы ныфс уыд, дыууӕ уарзӕгой уды хъысмӕтыл ӕвӕрццагӕй кӕй бандавдзӕн Уӕрӕсейы президент Владимир Путин. Цалдӕр боны дӕргъы Хацыртӕ фыстой фыстӕджытӕ ӕмӕ дзырдтой центрмӕ, цыран ӕбмырд цыдысты президентмӕ фарстытӕ ӕппӕт Уӕрӕсейӕ. Бинонты ныфс уыд, кӕй сын ратдзысты фадат сӕ фарст Владимир Путины "комкомӕ хаххы" рӕстӕджы зӕгъынӕн.

"Комкоммӕ эфиры размӕ нӕм фӕдзырдтой уыцы центрӕй, фӕфарстой нӕ лӕмбынӕг ацы хабары тыххӕй. Тынг бацин кодтам, ныфс нӕ бацыд, кӕй нӕ баиу кӕндзысты президентимӕ ӕмӕ нын президент кӕй баххуыс кӕндзӕн", — радзырдта Аланы фыд Хацырты Таймураз.

"Комкоммӕ хаххы" рӕстӕджы Хацыртӕ журналисттимӕ иумӕ, кӕцытӕ сӕрмагондӕй ацы бинонты проблемӕйы тыххӕй Мӕздӕгмӕ ӕрцыдысты Дзӕуджыхъӕуӕй, ӕнхъӕлмӕ кастысты "диссагмӕ", фӕлӕ сӕ фарст нӕ райхъуыст эфиры.

Тӕрхондоны скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, чызджы хъуамӕ феддӕдуар кӕной Уӕрӕсейӕ ацы бӕстӕйы территорийыл уӕвыны режим фехалыны тыххӕй. Чындзӕхсӕв цы ӕхцатӕй хъуамӕ скодтаиккой, уыдон иууылдӕр ныххардз кодтой тӕрхондӕтты — ныридӕгӕн ыл уыд фондз тӕрхоны.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиОбри ӕмӕ Алан иудадзыг сты иумӕ мобилон бастдзинады руаджы
1/3
Обри ӕмӕ Алан иудадзыг сты иумӕ мобилон бастдзинады руаджы
© Sputnik / Дзерасса БиазартиАлан аразы ӕппӕтдӕр, цӕмӕй йӕ уарзон рӕстӕгмӕ дарӕн центры ма ‘нкъард кӕна
2/3
Алан аразы ӕппӕтдӕр, цӕмӕй йӕ уарзон рӕстӕгмӕ дарӕн центры ма ‘нкъард кӕна
© Sputnik / Дзерасса БиазартиХацырты Алан йӕ мадимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, кӕд сӕм фӕдзурдзысты президентмӕ фарстытӕ исӕн центрӕй
3/3
Хацырты Алан йӕ мадимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, кӕд сӕм фӕдзурдзысты президентмӕ фарстытӕ исӕн центрӕй
1/3
Обри ӕмӕ Алан иудадзыг сты иумӕ мобилон бастдзинады руаджы
2/3
Алан аразы ӕппӕтдӕр, цӕмӕй йӕ уарзон рӕстӕгмӕ дарӕн центры ма ‘нкъард кӕна
3/3
Хацырты Алан йӕ мадимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, кӕд сӕм фӕдзурдзысты президентмӕ фарстытӕ исӕн центрӕй

Ныртӕккӕ уал Обри Мишель Аллан ис фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты рӕстӕгмӕ дарӕн центры. Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Обри хъаст кӕны, центры йӕм кӕй ис ӕвзӕр ахаст.

"Обрийыл уым худынц, дзурынц ын, кӕй мӕ ницӕмӕн бахъуыд, ацы хабӕрттӕ иууылдӕр арӕзт кӕй цӕуынц цавӕрдӕр "популярондзинады" тыххӕй. Зӕгъгӕ, фендзынӕ, уӕддӕр дӕ куыд арвитой Америкӕмӕ", — радзырдта Алан.

Ныр бинонтӕм нал ис ӕхца дӕр, цӕмӕй фидой адвокатты лӕггӕдтӕ ӕмӕ тӕрхондоны хӕрдзтӕ. Хацыртӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц радон тӕрхондонон рабадты скъуыддзагмӕ ӕмӕ фӕнд кӕнынц сӕ машинӕ ауӕй кӕнын, цӕмӕй сраст уой адвокатимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0