Цӕгат Ирыстоны "тезгъо" кӕнынц мӕнг купюрӕтӕ

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстоны "тезгъо" кӕнынц мӕнг купюрӕтӕ
Цӕгат Ирыстоны тезгъо кӕнынц мӕнг купюрӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полици сиды цӕрджытӕм, цӕмӕй уой къӕрцхъус ӕхцайы фӕрӕзтимӕ алыгъуызон операцитӕ аразгӕйӕ - мӕнг купюрӕты нӕ фӕлгъауы суанг сӕрмагонд сгарӕн аппаратурӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Мӕнг купюрӕтӕ 1 000 ӕмӕ 5 000 сомы номиналимӕ ссардӕуыд банчы хайады ӕхцатӕ нымайгӕ-нымайын, хъусын кӕны РЦИ-А мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.

Мӕнг купюрӕты нӕ фӕлгъауы сӕрмагонд сгарӕн аппаратурӕ дӕр, уыдонӕн иууылдӕр ис ӕцӕг ӕхцаты ӕууӕлты имитаци. Вӕййы ахӕм цаутӕ дӕр, ӕмӕ мӕнг купюрӕты нӕ рафӕлгъауынц суанг чысыл банчыты дӕр, базонынц сӕ ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсейы Централон банчы регионалон хайады.

Мӕнг купюрӕты арвыстой экспертизӕмӕ, цауы фӕдыл полици уадзы сгарӕн куыстытӕ.

Полици сиды цӕрджытӕм, цӕмӕй уой къӕрцхъус ӕхцайы фӕрӕзтимӕ алыгъуызон операцитӕ аразгӕйӕ. Купюрӕтӕ хъӕуы лӕмбынӕг басгарын иууыл каддӕрӕй ӕртӕ ӕууӕлмӕ гӕсгӕ. Уыцы ӕууӕлтимӕ уӕ базонгӕ кӕндзӕн Уӕрӕсейы Централон банчы сайт.

Ног хабӕртты лентӕ
0