Гергиты Валерийы концерт Цӕгат Иры фендзӕн 640 сывӕллоны

© Sputnik / Сергей Мамонтов /  Ахизын медиабанкмæДирижер Гергиты Валерий
Дирижер Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæрзаудæн концерты билетты æфтиаг лæвæрд æрцæудзæн оперæ æмæ балеты театры фондмæ.

ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik. Гергиты Валерийы разамындæй Маринаг театры оркестры хæрзаудæн концерт фендзæн 640 сывæллоны Цæгат Ирыстоны музыкалон скъолатæй, хъусын кӕны 15 регион.

Срæмыгъдтæ кæм фæсабыр сты, уым та Гергиты Валерийы оркестр ногӕй радта концерт

Хæрзаудæн концерты билетты æфтиаг лæвæрд æрцæудзæн оперæ æмæ балеты театры фондмæ. Концертмӕ бацӕуын кӕй фӕндыд, уыдонӕн се ‘ппӕтыл дӕр билеттæ аххӕсыдысты.

"Концрет ацӕудзӕн майрӕмбоны оперæ æмæ балеты Национ театры. Музыканттæ ацæгъддзысты Сергей Прокофьевы уацмыс "Петя æмæ бирæгъ". Изæры ма уыдзӕн ноджы иу концерт 19:00 сахатыл, уый та трансляцигонд цæудзæн оперæ æмæ балеты театры раз фидаргонд экраныл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Фæстаг хатт Гергиты Валерий республикæйы концерт лæвæрдта 2010 азы. Йæ ахадгæдæр ралӕудтӕ Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты 2005 æмæ 2008 азты.

Ног хабӕртты лентӕ
0