Дзӕуджыхъӕуы сараздзысты ног культурон центр 2000 адӕймагӕн

© Sputnik / сайт мэрии ВладикавказаВладикавказ
Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕзтады тыххӕй бадзырдтой Мариинаг театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Гергиты Валерий ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Битарты Вячеслав.

ЦХИНВАЛ, 20 мая — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы арӕзт ӕрцӕудзӕн ног культурон центр 1700-2000 адӕймагӕн, хъусын кӕны 15 регион.

Арӕзтады тыххӕй бадзырдтой Мариинаг театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Гергиты Валерий ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Битарты Вячеслав.

"Гергиты Валерий ӕмӕ Битарты Вячеслав бабӕрӕг кодтой фидӕны арӕзтады бынат горӕты тӕккӕ центры. Культурон центр сырӕздзӕн йӕ историон бынаты ӕмӕ нымад уыдзӕн 1700-2000 адӕймагыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ныридӕгӕн цӕттӕ у объекты проект, кӕцы ӕввахс рӕстӕджы ратдзысты экспертизӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0