Фӕсивӕдон форум "Ног фӕлтӕр" бамбал ис акци "Æ"-мӕ

© InstagramИрон тырысайы хуызтӕй конд къухылдӕрӕнтӕ
Ирон тырысайы хуызтӕй конд къухылдӕрӕнтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрзаудӕн акцийы фӕлгӕтты ирон тырысайы хуызтӕй конд къухылдӕрӕнтӕ уӕй кӕнынӕй цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты, уыдон хардз ӕрцӕудзысты мадӕлон ӕвзагмӕ мультфильмтӕ раивыны нысанӕн.

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг фыццаг фӕсивӕдон форум "Ног фӕлтӕр"-ы орагнизатортӕ ӕрсидтысты Иры ӕвзонг фӕлтӕрмӕ, цӕмӕй балӕууой мадӕлон ӕвзаджы райрӕзты сӕраппонд акци "Æ"-йы фарс. Хӕрзаудӕн акцийӕн форумы хайадисджытӕ снывонд кодтой сӕрмагонд мадзал, цыран сӕ хъус аздӕхтой ирон ӕвзаджы райрӕзт ӕмӕ бахъахъхъӕныны проблемӕтӕм.

Фӕсивӕдон форум Ног фӕлтӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕсивӕдон форум "Ног фӕлтӕр" йӕ куыст райдыдта Дыгургомы

Акци "Æ"-йы организатортӕ сарӕзтой ирон тырысайы хуызтимӕ къухылдарӕнтӕ. Браслетты уӕй кӕнынӕй цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд уа, уыдон здӕхт ӕрцӕудзысты зындгонд мультфильмтӕ ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнынмӕ.

"Мах сидӕм, цӕмӕй алы ирон адӕймаг дӕр балхӕна уыцы къухылдарӕнтӕй. Уымӕй мах бахӕсдзыстӕм нӕ хайбавӕрд мадӕлон ӕвзаджы райрӕзтмӕ. Нӕ чысыл сабитӕн та фадат уыдзӕн ирон ӕвзагыл цайдагъ кӕнынӕн", — загъта форумы организатортӕй сӕ иу мадзалы райдайӕны.

Фыццаг ирон фӕсивӕдон форум "Ног фӕлтӕр" цӕудзӕн къуырийы дӕргъы Цӕгат Ирыстоны Дыгуры районы, улӕфӕндон "Урсдоны". Ам ӕрӕмбырд сты фӕсивӕд Ирыстоны дыууӕ хаййӕ, стӕй ма ирон диаспорӕты минӕвӕрттӕ дунейы алы къуымтӕй — Турк, Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0