ÆФС раргом кодта ирон-мæхъæлон конфликты зианбаййафджыты фæрæзты адавд

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæÆФС-йы оперативон кусджытæ
ÆФС-йы оперативон кусджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ÆФС-йы оперативон кусджытæ раргом кодтой ирон-мæхъæлон конфликты рæстæджы æнæ хæдзарæй чи баззад, уыцы адæмæн компенсациты хуызы цы бюджетон фæрæзтæ хицæн цæуы, уыдоны давыны схемæ.

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Ӕдасдзинады федералон службӕйы (ÆФС) кусджытæ раргом кодтой бюджетон фæрæзты адавд, кæцытæ компенсациты хуызы лæвæрд цыдысты 1992 азы октябрь-ноябры ирон-мæхъæлон конфликты рæстæджы æнæ хæдзарæй чи баззад, уыцы адæмæн, фехъусын кодтой Уæрæсейы ÆФС-йы регионалон упраленийы пресс-службæйы.

Ведомствæйы банысан кодтой, оперативон кусджытæ кæй сбæлвырд кодтой республикæйы цæрæг дыууæ сылгоймаджы, кæцытæ сты аххосджын фараст милуан сом адавыны хъуыддаджы.

Фыдгæнджытæ арæзтой мæнг документтæ компенсаци райсыны тыххæй, куыд æнæхæдзарæй баззадысты конфликты фæстиуæгæн.

"Афтæмæй, азымгондтæй сæ иуыл сарæзтой мæнг акттæ æмæ æндæр документтæ ахæм хæдзарыл, кæцы йын никуы уыд. Мæнг документтæ æрбавдисыны фæстæ тæрхондон аскъуыддзаг кодта уымæн паддзахадон æххуыс бакæнын, конфликты рæстæджы йæ хæдзар кæй ныппырх, уый фæдыл", — загъта управленийы минæвар.

Ацы архæйдтыты фæдыл федералон бюджетæн зиан æрцыд 9,7 милуан сомы бæрц.

Слестгæнæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг азымгондты ныхмæ. Цæуы хъуыддаджы равзæрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0