Цӕгат Иры Сыгъдӕг бынӕттӕн домынц культурон бынты статус раттын

© Архивон къамМыкалгабыртӕ
Мыкалгабыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны территорийыл ис 90 сыгъдӕг бынаты. Уыдонӕн культурон бынты статус раттыны инициативӕ раразмӕ кодта Цӕгат Ирыстоны паддзахадон исады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тедеты Руслан.

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны парламенты ӕрдзырдтой республикӕйы территорийыл уӕвӕг Сыгъдӕг бынӕттӕн культурон бынты статус раттыныл. Фарст депутатты ӕркастмӕ рахаста РЦИ-А паддзахадон исады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тедеты Руслан, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Хуссар Ир нымад ӕрцыд иууыл чырыстондӕр бӕстӕйыл

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ дзуӕрттӕ бахъахъхъӕныны иунӕг фадат у уыдонӕн культурон бынты статус раттын ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдцӕуӕг республикон нысаниуӕгджын территоритыл банымайын", — банысан кодта Тедеты Руслан.

Ӕрӕмбырдуӕвджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг бынӕтты уавӕр у сӕйрагдӕртӕй иу, стӕй ма катайаг у, адӕм ацы бынӕтты сӕхи куыд дарынц, уый дӕр. Депутаттӕ сразы сты, кӕй хъӕуы сфидар кӕнын дзуӕртты иумӕйаг реестр ӕмӕ сӕ арӕнты картӕ.

Цӕгат Ирыстоны территорийыл ис 90 сыгъдӕг бынаты, ацы номхыгъдмӕ нӕ бацыдысты, бӕрзонд хӕхтыл цы дзуӕрттӕ, ис уыдон.

Ног хабӕртты лентӕ
0