Цӕгат Ирыстоны стӕрхон кодтой ОФК-ы уӕнгтӕн, кӕцытӕ давтой пенсиисджыты ӕхца

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæРабота вневедомственной охраны московской полиции
Работа вневедомственной охраны московской полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдгӕнон къорды сконды уыдысты 22 - 27 аздзыд, республикӕйы цыппар ӕмбӕстаджы, уыдонӕн бантыст пенсиисджыты хыгъдтӕй 6 милуан соммӕ ӕввахс адавын.

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӔФС-йы кусджытӕ ӕрӕхгӕдтой фыдгӕнон къорды архайд, кӕцы давта ӕхца пенсиисджыты банчы хыгъдтӕй, фехъусын кодтой ӔФС-йы регионалон управленийы пресс-службӕйы.

Фыдгӕнон къорды сконды уыдысты 22 — 27 аздзыд, республикӕйы цыппар ӕмбӕстаджы, уыдонӕн бантыст пенсиисджыты хыгъдтӕй 6 милуан соммӕ ӕввахс адавын.

"Оперативон кусджытӕ рагацау аиуварс кодтой, иу миллиард сом адавыны фыдгӕнон нывӕзт. Уыимӕ иумӕ фыдгӕнджытӕн бантыст къорды уӕнгтӕй иуы банчы структурӕйы ӕрфидар кӕнын, цы ран ӕмбырд сты клиентты хыгъдты ӕмӕ ӕвӕрд ӕхцайы тыххӕй зонӕнтӕ",- дзырдӕуы хъусинаджы.

Къорды организатор у 24-аздзыд Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг Хуыгаты Ясон, кӕцы уый размӕ дӕр бахауд барадхъахъхъӕнӕн органты цӕстахасты.

Цалдӕр азы размӕ дӕр, ахӕм амӕлттӕй уый бацис фондз милуан сомы хицау. Пенсиисджыты хыгъдтӕй давд ӕхцатӕ фыдгӕнӕг бахардз кодта туристон балцтыл Европӕйы бӕстӕтӕм ӕмӕ Америкӕмӕ, афтӕ ма зынаргъ машинӕтӕ ӕмӕ фатертыл.

Дзӕуджыхъӕуы Советон районон тӕрхондон фӕдагуырды ӕрмӕджыты бындурыл фыдгӕнон къорды уӕнгты иууылдӕр банымадта аххосджыныл ӕмӕ сын аскъуыддзаг кодта ахӕстоны фӕбадын ӕртӕ азӕй 8,5 азы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0