Ӕвзӕр боныгъӕд хъыг дары Хъазбеджы фесӕфӕг альпинисткӕйы бацагуырд

© МЧС РФ /  Ахизын медиабанкмæӔвзӕр боныгъӕд хъыг дары Хъазбеджы фесӕфӕг альпинисткӕйы бацагуырд
Ӕвзӕр боныгъӕд хъыг дары Хъазбеджы фесӕфӕг альпинисткӕйы бацагуырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуыйаг альпинисткӕйы агурыны хъуыддаджы нӕй фадат спайда кӕнын вертолетӕй боны уавӕрты тыххӕй, ӕвзӕр боныгъӕд зынвадат кӕны ирвӕзынгӕнджыты фистӕг къорды куыст дӕр, фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны УУМ.

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Хӕхтыл ӕвзӕр боныгъӕд кӕй ис, уый зынвадат кӕны Мӕскуыйаг альпинисткӕйы бацагуырд, кӕцыйы арв ныццавта Хъазбеджы хохмӕ сцыды рӕстӕджы, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Цӕгат Ирыстоны УУМ сӕйраг управленийы пресс-службӕ.

Кавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстоны арв цы туристкӕйы ныццавта, уый агуры Цӕгат Иры УУМ

"Цыппӕрӕмы альпинисткӕйы бацагуырд зынвадат кӕны ӕвзӕр боныгъӕд. Уый аххосӕй нӕй спайда гӕнӕн вертолетӕй дӕр. Ӕвзӕр боныгъӕд ма нӕ уадзы кусын ирвӕзынгӕнджыты фистӕг къорды дӕр, кӕцы ныртӕккӕ ис 3,8 мин метры бӕрзӕндӕн", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Фондз адӕймаджы къорды сконды альпинисткӕ арӕзта сцыд Хъазбеджы хохмӕ Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй. Дыццӕджы, 4,9 мин метры бӕрзӕндыл, къорд цы районы уыд, уый ныццавта арв, цӕй фӕстиуӕгӕн спортсменкӕйы фехстӕуыд къуылдыммӕ уӕрӕсейаг фарсыл. Альпинисткӕйы агурынмӕ ацыдысты Цӕгат Ирыстоны УУМ-ы агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды авд ирвӕзынгӕнӕджы.

Ӕртыццӕджы агурӕн мадзӕлтты спайда кодтой вертолетӕй дӕр, кӕцы сарӕзта дыууӕ атахт, фӕлӕ ирвӕзынгӕнджыты къухты ницы ӕнтыст бафтыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0