Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы ӕрцахстой теракты фӕдыл мӕнг хъусинаджы тыххӕй

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСлестгӕнӕн изолятор
Слестгӕнӕн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азымгонд йӕ аххосыл басаст, фӕлӕ йӕ бон бамбарын кӕнын кӕнын не ′ссис, Ярославль цӕмӕн ссис йӕ "фӕлывды" объект.

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг фӕдзырдта Цӕгат Ирыстоны экстренон службӕтӕм ӕмӕ фехъусын кодта, Ярославлы кӕй ӕрцӕудзӕн арӕзт теракттӕ. Сбӕлвырд кӕнын ын бантыст ӕрмӕстдӕр дыккаг бон, цӕй фӕстӕ "телефонон террористы" ӕрцахстой, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службӕ.

"Цы адресыл уыд регистрацигонд номер, уым не ′ссардтой фыдгӕнӕджы. Фӕлӕ райсомырдӕм, сӕрмагонд мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы пъӕлицӕйы ӕмӕ ӔФСУ-йы кусджытӕн бантыст сбӕлвырд кӕнын "телефонон терористы". Уый разынд раздӕр ахӕстоны чи бадт, Дзӕуджыхъӕуы ахӕм цӕрӕг", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Азымгонд йӕ аххосыл басаст, фӕлӕ йӕ бон бамбарын кӕнын кӕнын не ′ссис, Ярославль цӕмӕн ссис йӕ "фӕлывды" объект.

МХМ-ы нымайынц, фыдвæндгæнæг кӕй уыд нозтджын, уымӕн ӕмӕ экстренон службӕтӕм фӕдзурыны размӕ "уый йӕ сыхӕгтимӕ нысан кодта дуар сӕвӕрыны бӕрӕгбон".

Ног хабӕртты лентӕ
0