Цӕгатирыстойнаг сылгоймаг куры Путинӕй ӕххуыс йӕ хъӕбулы раздахыны хъуыддаджы

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæУФ Президент Владимир Путин ӕмӕ Турчы президент Эрдоган
УФ Президент Владимир Путин ӕмӕ Турчы президент Эрдоган - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕринӕ аскъуыддзаг кодта Владимир Путинмӕ бахатын, цӕмӕй уый дыццӕджы Турчы президент Эрдоганимӕ йӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕрӕвӕра ацы фарст.

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг Ӕлбегонты Зӕринӕйӕн фондз азы дӕргъы нӕй фадат Туркӕй йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхынӕн йӕ хъӕбулы фесайыны тасӕй, кӕцыйы адавта йӕ раздӕры ӕмкъай — Турчы ӕмбӕстаг. Сылгоймаг аскъуыддзаг кодта Владимир Путинмӕ бахатын, цӕмӕй Уӕрӕсейы президент дыццӕджы йӕ туркаг коллегӕ Реджеп Эрдоганимӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕрӕвӕра ацы фарст, хъусын кӕны портал Life.ru.

Зӕринӕ йӕ фидӕны мойимӕ базонгӕ, АИШы университеты ма куы ахуыр кодта, уӕд. 2004 азы уыдон се ‘мкъайад бафидар кодтой Цӕгат Ирыстоны, уый фӕстӕ ацыдысты цӕрынмӕ Туркмӕ. Фӕлӕ сын Турчы территорийыл нӕ бантыст се ‘мкъайад слегализаци кӕнын. 2008 азы ӕмкъӕйттӕн райгуырд фыццаг чызг — Айлин, стӕй та дыккаг. Уый фӕстӕ ус ӕмӕ лӕг ахицӕн сты ӕмӕ фыд адавта хистӕр чызджы, кӕцыйыл уӕд цыд дыууӕ ӕмӕ ӕрдӕг азы.

"Турджы закӕттӕм гӕсгӕ, сывӕллӕтты бартӕ иууылдӕр сты мӕнмӕ. 2012 азы мӕ раздӕры ӕмкъайӕн рахастой дзырдон тӕрхон фондз мӕйы ахӕстоны фӕбадын сывӕллоны адавыны тыххӕй. Фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, мӕнӕн ныр фондз азы дӕргъы мӕ бон нӕй мӕ хъӕбулы раздахын. Фӕстаг авд мӕй йӕ нӕдӕр уынгӕ фӕкодтон, нӕдӕр ын йӕ хъӕлӕс фехъуыстон", — радзырдта порталӕн Зӕринӕ.

Ӕлбегианы ныхӕстӕм гӕсгӕ, тӕссаг у йӕ кӕстӕр чызгӕн дӕр — фыд ӕдзухдӕр ӕнтхъирӕнтӕ кӕны, уый дӕр кӕй адавдзӕн. Уый тыххӕй Зӕринӕ ныууагъта йӕ хорз куыст, цӕмӕй йӕ чызг ӕдзухдӕр уа йӕ хъусдарды бын. Уый йӕ хъӕбулы иу уысм дӕр ӕнӕ йӕхи нӕ фӕуадзы.

Зӕринӕйы интерестӕ хъахъхъӕны Паддзахаон думӕйы ӕмбӕстӕгты хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдар Тайсаты Хъазбег, уыдон ныридӕгӕн бацӕттӕ кодтой ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ ӕмӕ сӕ арвыстой Владимир Путины администрацимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0