Электроцинк нал уадздзӕн зды

© Sputnik / Константин Басов /  Ахизын медиабанкмæЗавод "Электроцинк" во Владикавказе
Завод Электроцинк во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Базарадон здыйы фӕстаг партитӕ ныртӕккӕ ласынц заводӕй.

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Завод "Электроцинк" Дзӕуджыхъӕуы ныллӕууын кодта здыйы кондад фыццаг октябрӕй, хъусын кӕны куыстуаты пресс-службӕ.

Базарадон здыйы фӕстаг партитӕ ныртӕккӕ ласынц заводӕй.

"Ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны ӕмӕ цӕмӕй ӕцӕгӕлон адӕм бӕстыхаймӕ ма бацӕуой, уый тыххӕй куыстуаты алыварс арӕзт цӕуынц гӕрӕнгӕнӕг ӕфсӕйнаг констукцитӕ", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

"Электроцинк"-ы зды уагъд кӕй нал цӕуы, уый тыххӕй сӕ куыстӕй ссӕрибар кӕндзысты 44 кусӕджы, сӕ иу хай ацыд куыстӕй сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ.

Завод Электроцинк Цӕгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битарты Вячеслав ныфс бавæрдта "Электроцинк"-ы зианхæссæг кондад сæхгæныны тыххӕй

"Электроцинк"-ы зды уадзыны кондад ӕрӕхгӕныны фӕдыл уынаффӕ рахаст ӕрцыд РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ "УГМК-Холдинг"-ы къухдариуӕгады бадзырдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ бахаст ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы санитарон-эпидемиологон уавӕр фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл комплексон программӕмӕ.

Здыйы кондад ӕрӕхгӕныны фӕдыл мадзӕлттӕ райдыдтой ацы аз июны. Ӕдӕппӕт 2016 азы "Электроцинк" рауагъта цыппар тоннӕйы бӕрц базарадон зды.

Ног хабӕртты лентӕ
0