Цӕгат Иры аварийы зианбаййафджытӕ райсомы трагедийы тыххӕй

© Sputnik / Алана СабееваЦӕгат Иры аварийы зианбаййафджытӕ
Цӕгат Иры аварийы зианбаййафджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Автобусы уыд 50 адӕймаджы. Уыдонӕй фондз фӕмард сты, 27 фесты цӕфтӕ. Бӕлццӕттӕ радзырдтой Sputnik ӕрцӕугӕ трагедийы тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Сабеты Аланӕ. Сӕймӕрайсом Цӕгат Ирыстоны цы автобус бахаудта аварийы, уый бӕлццон Сима Сафарян йӕ цардӕмбалимӕ цӕрынц Тамбовы. Уыдон Мӕскуыйӕ Ереванмӕ цыдысты хоскӕнынмӕ.

"Ӕнамонд цау ӕрцыд райсом фондз сахатмӕ ӕввахс. Мах иууылдӕр фынӕй уыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ Уӕллаг Ларсы уадзӕн пунктмӕ нырма уыд рӕстӕг. Уалынмӕ адӕм райдытой хъӕр кӕнын. Куы ӕрчъицыдтӕн, уӕд нӕ автобус уыд автовозы (машинӕтӕ ласӕн автотранспорт)", — радзырдты уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕф афтӕ тыхджын уыд, ӕмӕ автобус февзӕрд автовозы уӕлӕ ӕмӕ уырдыгӕй асхуыста рог машинӕты. Симӕйы ӕмкъай ныццавта йӕ къах ӕмӕ роцъо. Йӕхӕдӕг тынг ницы ныццавта, психологты ӕххуысыл не ′сразы.

Аварийы бахауӕг пассажиртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕскуы–Ереван автобусы пассажиртӕ: шофыр бафынӕй рулыл

Ашот Хачатрян автобусыл сбадт Кропоткинойы. Уый здӕхт йӕ хӕдзармӕ. Автобус фыццаг хатт нӕ равзӕрста, уымӕн ӕмӕ йын у иууыл ӕнцонвадат транспорты хуыз. Куыд иннӕ бӕлццӕттӕ, афтӕ Ашот дӕр аварийы уысм уыд фынӕй.

"Аварийы тыххӕй зонынц Сомихстоны дӕр ӕмӕ Кропоткинойы дӕр. Адӕм алырдыгӕй дзурынц. Ӕз мӕ хиуӕттӕн дзурын, зӕгъгӕ мах уый мах автобус нӕ уыд, цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ ма ӕхсайой", — загъта уый.

Карен Торосян фыццаг хатт цыд автобусыл. Уый Ереванмӕ хӕдтӕхӕгыл фӕтӕхы, фӕлӕ ныр уый хъуыд ӕвӕстиатӕй ацӕуын ӕмӕ билеттӕ та не ′ссардта.

Мовсисян Ереванмӕ йӕ мадмӕ цыд автобусыл, уымӕн ӕмӕ уый у асламдӕр. Уымӕн фӕцӕф йӕ къах, афтӕ ма райста сӕры магъзы ӕнкъуыст. Дохтыртӕ йын радтой бар иннӕ зианбаййафджытимӕ УУМ-ы сӕрмагонд бортыл атӕхын. Мовсисян тагъд кӕны йӕ кардзыд мадмӕ, цӕмӕй йӕ рсабыр кӕна.

Беслӕнмӕ ӕххуысмӕ цӕуынц Цӕгат Ирыстоны сомихӕгтӕ, афтӕ ма Дзӕуджыхъӕуы Сомихаг дзуары динамонӕг, фыд Геворг.

"Мах ӕрцыдыстӕм, цы ӕххуыс хъӕуы, уый базонынмӕ. Ӕз кувын хуыцаумӕ, чи аирвӕзт, уыдон ӕнӕниздзинады тыххӕй, цӕмӕй куыд тагъддӕр сӕ къӕхтыл слӕууой. Ссардзыстӕм трагедийы фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ дӕр", — загъта уый.

Зианбаййафджытӕ иууылдӕр бузныг сты медиктӕ ӕмӕ ирон адӕмӕй сӕ ӕххуыс ӕмӕ оперативондзинады тыххӕй. Уыдонӕй бирӕтӕ сӕ хиуӕттӕн не ′схъӕр кодтой ӕрцӕугӕ трагедийы тыххӕй.

Автобус Мӕскуы — Ереваны бӕлццӕттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Сомихстоны столицӕмӕ транспортировкӕмӕ. УУМ-ы сӕрмагонд рейс фӕхӕццӕ кӕндзӕн 25 зианбаййафӕджы.

Пострадавшие в ДТП на трассе Владикавказ-Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслӕны цур аварийы бахауӕг шофыр куыста ӕнӕзакононӕй

Беслӕны рӕстӕгмӕ пункты ныртӕккӕ ис автобусы 30 бӕлццоны. Ам уыдонӕн ис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕххуыс, семӕ кусынц цӕгатирыстойнаг УУМ-ы, афтӕ ма Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитеты психологтӕ. Ис сын тӕвд хӕринаг, бӕрӕг сӕ кӕнынц Беслӕны ӕмӕ ӕввахс цӕрӕн пунктты цӕрджытӕ.

"Сӕумӕрайсомӕй мах аразӕм ӕппӕтдӕр,цӕмӕй сын уа ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уавӕртӕ. Кӕд искӕй фӕнда ӕрлӕууын ӕмӕ рынчындӕтты чи ис, уыдон хиуӕттӕм фенхъӕлмӕ кӕсын, уӕд уыдонӕн та бацӕттӕ кодтам ахуыргӕнӕндон. Бахъуыды рӕстӕджы Беслӕны рынчындон дӕр цӕттӕ у ӕххуысмӕ ӕрцӕуын", — загъта Рахизфарс районы администрацийы сӕргълӕууӕг Фрайты Сослан.

Рӕстӕгмӕ ӕрбынаты пунктмӕ ма ӕрбакодтой уыцы пассажирты, кӕцытӕн баконд ӕрцыд фыццаг медицинон ӕххуыс. Бынаты сты психологтӕ, кӕцытӕ кусынц адӕмимӕ.

Автобус Мӕскуы — Ереван майрӕмбоны сӕумӕрайсом сӕмбӕлд фӕндаггӕрон урӕд машинӕтӕ ласӕн автотранспортыл. ФТЦ-ы фӕстиуӕгӕн фӕмард сты фондз адӕймаджы, 27 адӕймаджы та райстой алыгъуызон цӕфтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0