Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг амардта кардӕй йӕ сыхаджы

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСледственный изолятор
Следственный изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нӕлгоймӕгты ӕхсӕн хъаугъа асайдта къухӕй хылмӕ, кӕцыйы рӕстӕджы 53-аздзыд дзӕуджыхъӕуккаг ныццавта йӕ сыхаджы кардӕй.

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы ӕрцахстой йӕ сыхаджы амарыны тыххӕй, кӕцы уымӕй чысыл раздӕр карды цӕфы фӕстиуӕгӕн бахауд горӕттаг клиникон рынчындонмӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ управленийы пресс-службӕ.

Эльхоты цӕрӕг кардимӕ балӕбурдта йӕ фынӕй ӕмхъӕуккагмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эльхоты цӕрӕг кардӕй ныццавта йӕ фынӕй ӕмхъӕуккаджы

Оперативон кусджытӕ цауы бынаты сбӕлвырд кодтой, 28-аздзыд горӕты цӕрӕджы кӕй амардта йӕ сыхаг.

"Дыууӕ нӕлгоймаджы ӕхсӕн хъаугъа рауад 8 марты уынгыл хӕдзӕрттӕй иуы кӕрты. Ахастытӕ ӕвзарыны рӕстӕджы 1963 азы гуырд дзӕуджыхъӕуккаг ныццавта йӕ оппоненты хъуыр кардӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Азымгонд у ахст, фыдракӕнды факты фӕдыл ӕрмӕг ӕрвыст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны СК Слестгӕнӕн управленимӕ процессуалон скъуыддзаг рахӕссыны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0