Цыппар цӕгатирыстойнаг цӕрӕгӕн стӕрхон кӕндзысты давд ӕмӕ лӕгмарды тыххӕй

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæСледственный изолятор
Следственный изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зылынджынтӕ бахызтысты хисӕрмагонд хӕдзармӕ Бӕтӕхъойы хъӕуы, фехстой хицауы, афтӕ ма адавтой 175 мин сомы аргъ сыгъзӕрин дзауматӕ ӕмӕ ӕхца.

ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Цыппар цӕгатирыстойнаг цӕрӕгӕн стӕрхон кӕндзысты давд ӕмӕ лӕгмарды тыххӕй, хъусын кӕны Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитеты регионалон управлени.

Работа вневедомственной охраны московской полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны стӕрхон кодтой ОФК-ы уӕнгтӕн, кӕцытӕ давтой пенсиисджыты ӕхца

Уагдоны зонӕнтӕм гӕсгӕ, слестгӕнджытӕ балхынцъ кодтой сӕ куыст 26-39 азы кары цыппар бынӕттон цӕрӕджы ныхмӕ уголовон хъуыддаджы фӕдыл. 2016 азы 17 январы уыдон бахызтысты хисӕрмагонд хӕдзармӕ Ног Бӕтӕхъойы хъӕуы, тыхмийӕн иту равзаргӕйӕ ӕмӕ пистолетӕй ӕртхъирӕнты руаджы, уыдон байстой 175 мин сомы аргъ сыгъзӕрин дзауматӕ ӕмӕ ӕхца.

Слестгӕнӕн органтӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй бабырсты рӕстӕджы хӕдзары 55-аздзыд хицау фӕлӕууыд абырджыты ныхмӕ ӕмӕ райста бирӕнымӕц ӕхстытӕ ӕмӕ цӕфтӕ. Райсгӕ цӕфты фӕстиуӕгӕн нӕлгоймаг амард, йӕ цардӕмбал аирвӕзт удыгасӕй.

Тыхон структурӕты минӕвӕртты профессионалон архӕйдтыты фӕрцы фыдгӕнджыты уайтагъд ӕрцахстой.

Фыдгӕнджыты зылын кӕнынц "давд", "лӕгмард", афтӕ ма "хӕцӕнгарз ӕнӕзакъононӕй химӕ дарын" ӕмӕ "наркотикты ӕнӕзаконон зилдухы" статьятӕм гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0