Гуырдзыстонӕй ацӕугӕ сылгоймаджы Дзӕуджыхъӕуы фӕазым кодтой фӕлывды

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæДенежные купюры России
Денежные купюры России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йӕ аххосыл басаст ӕмӕ фӕдагуырдимӕ ӕмгуыстад хынцгӕйӕ, тӕрхондон Гуырдзыстонӕй рацӕугӕ 43-аздзыд сылгоймагӕн рахаста дзырдӕй тӕрхон.

ЦХИНВАЛ, 17 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тӕрхондон фӕазым кодта Гуырдзыстонӕй рацӕугӕ 43-аздзыд сылгоймаджы фӕлывды, хъусын кӕны Уӕрӕсейы ӔФС-йы регионалон управленийы пресс-службӕйы.

Молоток судьи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры фӕивар кодтой сылгоймаджы Экстремистон литературӕ уӕй кӕныны тыххӕй

Равзӕрсты рӕстӕджы рабӕрӕг, Екатерина Габарашвили ныфс кӕй бавӕрдта фӕсарӕйнаг ӕмбӕстагӕн УФ территорийыл йӕ уӕвынады факт сбӕлвырд кӕныны ӕрвылазон процедурӕйы.

Управленийы зонӕнтӕм гӕсгӕ, сылгоймагӕн нӕ уыд фадӕттӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕнынӕн, ӕмӕ загъта йӕ "клиентӕн", кӕй йын ис бастдзинӕдтӕ компетентон органты, миграцийы хъуыддӕгты къабазы чи кусы, уыдонимӕ.

Йӕ лӕггӕдты тыххӕй фыдвӕндгӕнӕг ӕрдомдта 100 мин сомы, уый ӕрцахстой ӕхцатӕ райсыны рӕстӕджы.

Тӕрхондон банымадта сылгоймаджы аххосджыныл, йӕ аххосыл басаст ӕмӕ фӕдагуырдимӕ ӕмгуыстад хынцгӕйӕ йын рахаста иу азы ӕмгъуыд дзырдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0