Дзæуджыхъæуккаг Алайнаг епархи расидт литературон конкурс ирон æвзагыл

© Архивон къамМыкалгабыртӕ
Мыкалгабыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гом конкурсы алкæмæн дæр фадат ис хайад райсынæн. Йæ нысан у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзт. Уæлахиздзауты нæмттæ фехъусын кæндзысты ирон æвзаджы бон – 15 майы.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Дзæуджыхъæуккаг алайнаг епархи расидт литературон конкурс ирон æвзагыл "Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ". Конкурс уагъд цӕуы Аланийы аргъуыд райсыны 1100 азы юбилейы цытæн мадзӕлтты фӕлгӕтты, хъусын кæны епархийы сайт.

Стыр Комдарæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Комдарæн

Гом конкурсы алкæмæн дæр фадат ис хайад райсын. Йæ нысан у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзт. Уæлахиздзауты нæмттæ фехъусын кæндзысты ирон æвзаджы бон — 15 майы.

"Приоритетон уыдзысты ахæм уацтæ, цы ран автор раргом кæна мадæлон æвзаджы хæзна, ныффыста йæ мысинæгтæ рæстдинон аргъуанты арæзтады фæдыл Ирыстоны, алайнаг адæмты хсæн чырыстон дин рапарахт кæнын æмæ бахъахъхъæнæны хъуыддагыл. Таурæгъ кæна йæ райгуырæн горæт, хъæу, науæд та мыггаджы ратæдзæнтыл", — дзырдæуы хъусинаджы.

Сфæлдыстадон конкурс цæудзæн 30 апрельмæ. Хайадисджытӕ дих уыдзысты æртæ къордыл сæ кармæ гæсгæ. Алкæцы категорийы дæр рабæрг уыдзæн фæйнæ æртæ уӕлахиздзауы. Конкурсы призон фонд у 90 мин сомы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0