Цӕгат Иры цӕрӕг зӕрдӕхсайындзинады аххосагӕй басыгъта 40-аздзыд сылгоймаджы

© Sputnik / Андрей Стенин /  Ахизын медиабанкмæПодследственный в СИЗО
Подследственный в СИЗО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нӕлгоймаг ӕрӕхгӕдта хъӕдӕй агъуысты дуар, цы ран уыд сылгоймаг ӕмӕ ссыгъта бӕстыхай, дзырдӕуы фӕдысгӕрсты ӕрмӕджыты.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны полицийы кусджытӕ ӕрцахстой нӕлгоймаджы, кӕцы зӕрдӕхсайындзинады аххосагӕй басыгъта 40-аздзыд сылгоймаджы, хъусын кӕны республикон МХМ-ы.

Нӕлгоймаг ӕрӕхгӕдта хъӕдӕй агъуысты дуар, цы ран уыд сылгоймаг ӕмӕ ссыгъта бӕстыхай, дзырдӕуы фӕдысгӕрсты ӕрмӕджыты.

Цауы бынатмӕ ӕрбацӕуӕг барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ауагътой уӕззау фыдракӕнд раргом кӕныны фӕдыл мадзӕлттӕ.

"Ӕвдисӕнты ныхӕстӕ полицийы фадыгон кусджытӕн баххуыс кодтой азымгонды гоймагдзинад цыбыр ӕмгъуыдмӕ сбӕлвырд кӕнын. Цалдӕр сахаты фӕстӕ уый ӕрцахстой ӕмӕ йӕ фӕхӕццӕ кодтой полицийы ӕввахсдӕр хайадмӕ", — дзырдӕуы МХМ-ы хъусинаджы.

Полицийы кусджытӕ равдыстой азымгондӕн зылынгӕнӕн факттӕ, кӕцытӕ бӕлвырд кодтой йӕ аххос, уый фӕстӕ нӕлгоймаг басаст уӕззау фыдракӕнды.

Азымгондӕн раздӕр дӕр цалдӕр хатт рахастӕуыд зылыны тӕрхон УФ Уголовон кодексы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр статьятӕм гӕсгӕ.

Баконд ӕрцыд ӕртӕ уголовон хъуыддаджы, уый нымӕцы "Лӕгмард" ӕмӕ "Тасы ныууадзын".

 

Ног хабӕртты лентӕ
0