Дзæуджыхъæуккаг цæстфæливæг банчы картæтæй радавта 180 мин сомы

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæБанковские карты международных платежных систем
Банковские карты международных платежных систем - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зæрдæхсайгæ адæймаджы гæнæн ис æмæ ахæсты бакæной фондз азы онг æмгъуыдмæ.

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæ æрурæдтой Дзæуджыхъæуы 26-аздзыд цæрæджы, кæцы зæрдæхсайгæ у фæлывды хъуыддаджы банчы картæтимæ, хъусын кæны цæгатирыстойнаг МХМ пресс-службæ.

Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæлгоймаг расайдта Нижний Новгороды 63-аздзыд цæрæгæй 99 мин сомы.

Работа вневедомственной охраны московской полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны стӕрхон кодтой ОФК-ы уӕнгтӕн, кӕцытӕ давтой пенсиисджыты ӕхца

"Уголовон хъуыддаджы сгæрсты фæстиуæгæн рабæрæг, ивгъуыд азы апрелы мæйы фыдгæнæг, йæхи фиддонты фæдыл хисæрмагонд компанийы хистæр схонгæйæ, фæдзырдта Нижний Новгороды цæрæгмæ æмæ дзы расайдта йæ банчы картæйы код. Уый фæстæ йæ телефонæй мобилон уæлæмхасæны фæрцы йæхи бакодта сылгоймаджы æхцайы фæрæзтæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уымæй размæ цæстфæливæджы архайдтытæ разиан кодтой Тольятийы цæрæгæн дæр, уый банчы картæйæ та систа 80 мин сомы.

Цæгатирыстойнаг МХМ пресс-службæ хъусын кæны, Дзæуджыхъæуы 26-аздзыд цæрæджы кæй æрурæдтой, йæ ныхмæ конд æрцыд уголовон хъуыддаг. Зæрдæхсайгæ адæймаджы гæнæн ис æмæ ахæсты бакæной фондз азы онг æмгъуыдмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0