Цӕгат Иры националон телеуынынад тестон режимы скусдзӕн сӕрды

© Sputnik / Наталья АйриянВладикавказ
Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзыллон информацийы ног фæрæзмӕ кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа стыр æргом здæхт, хъуамæ дзы кусой профессионалон кадртæ, банысан кодта РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг.

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сæрды хъавынц тестон режимы националон телеуынынад скусын кæнын. Æппæт организацион фарстытыл ӕрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Дзгойты Ольга, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕджы сайт.

Цæгат Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны фæзындзæн телеуынынад мадæлон æвзагыл

Дзгойты Ольга куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ кусынц æнæмæнгхъæуæг гæххæттытыл. Националон телеуынынады сæргъ слæудзæн зындгонд журналист Дзабиты Эльбрус.

Битарты Вячеслав бахахх кодта, дзыллон информацийы ног фæрæзмӕ кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа стыр æргом здæхт, хъуамæ дзы кусой профессионалон кадртæ.

"Бакусын хъæуы кадртæ цæттæ кæныны сæрмагонд программæйыл", — загъта уый.

Фембæлды ма ныхас цыд дзыллон фæрæзты райрæзты паддзахадон программæ царды рауадзыныл. Уымæ гæсгæ паддзахадӕй æххуыс исдзысты мыхуыры æмæ электрон дзыллон фæрæзты минæвæрттæ. Стыр куыст цæудзæн республикæйы Мыхуыры хæдзары æмæ рауагъдадты техникон ифтонгдзинадыл дæр. Дзгойты Ольгæ ма радзырдта информацион портал саразыны хъæппæрисы тыххæй. Уым сæ куысты хæбæрттæ мыхуыр кæндзысты паддзахадон оргæнтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0