Дзæуджыхъæуы цæрæгæн бавдыстой азым полицæйаджы фехсыны фæдыл

© Sputnik / Пресс-служба ГУ МВД РФ по г. Мос /  Ахизын медиабанкмæПистолет Глок
Пистолет Глок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Резонансон инцидент æрцыд 19 марты Цæгат Ирыстоны столицæйы Доваторы проспекты кæртытæй иуы

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Болататы Алина. Слестгæнджытæ азым кæнынц Дзæуджыхъæуы цæрæджы полицæйаджы æхсыны хъуыддаджы. Уый аххосджын кæнынц, "йæ кусæгон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы хицауады минæвары æнæниздзинад æмæ цардæн тасхæссæг тыхархайды", хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Слестгæнæн комитеты слестгæнæн управленийы пресс-службæ.

"Дзæуджыхъæуы цæрæджы ныхмæ бакондæуыд уголовон хъуыддаг УФ УК 318-æм статьяйы 2-æм хаймæ гæсгæ (йæ кусæгон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы хицауады минæвары æнæниздзинад æмæ цардæн тасхæссæг тыхархæйдтытæ кæнын)", — дзырдæуы хъусинаджы.

19 марты æхсæвы Доваторы проспектыл хæдзæрттæй иуы кæрты полицийы кусджытæ æрурæдтой автомашинæ "Тойота" фæндагон змæлды уагæвæрд фехалыны тыххæй.

Патрон 7Н31 с броневой пулей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы полицӕйаджы чи æхста, уый ныхмæ бакондӕуыд уголовон хъуыддаг

Полицийы кусджытæн куы бантыст фæткхалæджы автомашинæ æрлæууын кæнын, уæд рабæрæг, машинæйы кæй бадтысты дыууæ цæгатирыстойнаг нозтджын æмбæстаджы. Машинæйæ рахызт азымгонд æмæ систа травматикон пистолет. Цæмæй пистолет радта барадхъахъхъæнæг органты кусæгмæ, уыцы домæнæн азымгонд сæвæрдта хæцæнгарз барадхъахъхъæнæджы сæрыл. Фæсарæйнаг машинæйы шофыр фæлæбурдта азымгонды къухмæ пистолет байсыны оххыл. Уыцы цысм азымгонд фехста æмæ нæмыг сæмбæлд шофыры къухыл. Цауы бынатмæ бацæуæг полицийы кусджытæн баныст фыдгæнæджы æрцахсын æмæ йын йæ хæцæнгарз байсын.

Азымгонд баконд æрцыд ахæсты, уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0