Цæгатирыстойнаг æртæ сылгоймаджы бафæлвæрдтой ноггуырд сывæллоны ауæй кæнын

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæСотрудник правоохранительных органов у здания Главного следственного управления Следственного комитета РФ по Москве
Сотрудник правоохранительных органов у здания Главного следственного управления Следственного комитета РФ по Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азымгондтæ сразы кодтой æвгъæдджын сылгоймаджы, цæмæй йæ сывæллон куы райгуыра, уæд æй ауæй кæной æмæ æхца адих кæной

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2017 азы апрелы райдианы азымгондтæй иу сразы кодта йæ æвгъæдджын æмбалы, кæцы æвзæрста материалон зындзинæдтæ, цæмæй йæ сывæллон куы райгуыра, уæд æй ауæй кæной æмæ æхца та адих кæной. Сылгоймаг сразы ис.

Ӕлхæнджыты роль ахъазыдысты барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ, кæцытæ бадзырдтой сывæллоны 330 мин сомæй балхæнын.

Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуккаг сылгоймаг бафæлвæрдта йæ сывæллоны ауæй кæнын

Майы мæйы, сывæллон куы райгуырд, уæд азымгæндтæ радтой ноггуырд лæппуйы æнæцот бинонтæн, суммæйы хай — 100 мин сом райсгæйæ æмæ сæ уæд æрцахстой оперативон кусджытæ.

"Ныртæккæ ноггуырд у æнæниз æмæ ис Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындоны, йæ цардæн ницы тæссаг у, уый тыххæй информаци лæвæрд æрцыд æвджиддарды органтæм", — дзырдæуы Слестгæнæн управленийы хъусинаджы.

Управлени куыд нысан кæны, афтæмæй баконд æрцыд уголовон хъуыддаг горæт Алагиры 24 æмæ 35-аздзыд сылгоймæгты, афтæ ма Кировы районы цæрæг 37-аздзыд сылгоймаджы ныхмæ.

Уголовон хъуыддаг цæуы æвзæрст, барадхъахъхъæнджытæ бæлвырд кæнынц фыдракæнды æууæлтæ, афтæ ма скъуыддзаг цæуы фарст, азымгондты ахæсты бакæнын æмæ сыл стæрхон кæныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0