Къæрныхимæ ахастытæ: куыд цыд Дзæуджыхъæуы цæрæг фембæлдтæм

© Sputnik / Владимир Вяткин /  Ахизын медиабанкмæТезгъо
Тезгъо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къæрных сарæзта мæнг аккаунт социалон хызæгты æмæ расайдта романтикон "фембæлдмæ" рабафыстæй зонгæйы

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Дзæуджыхъæуы 34 —аздзыд цæрæджы романтикон фембæлд расайдта егъау фыдхабæрттæм — социалон хызæджы базонгæйы фæстæ уый снысан кодта фембæлд чызгæн, фæлæ чызджы бæсты нæлгоймагмæ æбацыд къæрных, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

Зианбаййафæг бахатыд полицимæ, радзырдта, куыд базонгæ ис социалон хызæгты чызгимæ æмæ  дæргъвæтин рæстæджы фæстæ кæй бадзырдтой фембæлын.

На месте обстрела автомобиля - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгатирыстойнаг "Ромео" фехста йе ‘фхӕрӕджы ӕмӕ йын ныххуынчъытæ кодта йӕ машинӕ

"Фæлæ фембæлдмæ мæ ног зонгæ чызг не ′рбацыд, фæлæ æбæрæг æмбæстаг. Нæлгоймæгты æхсæн бацайдагъ конфликт, бавнæлдтой къухæй кæрæдзимæ. Фыдгæнæг æргомæй аскъæфта планшет æмæ снысан кодта æмгъуыд, кæдмæ хъуамæ æрбахæсса 10 мин сомы, цæмæй йын раздаха фæстæмæ йæ планшет", — радзырдтой МХМ-ы.

Полицийы кусджытæ сбæлвырд кодтой фыдгæнæджы гоймагдзинад — уый разынд 24-аздзыд бынæттон цæрæг, кæцы сарæзта мæнг аккаунт социалон хызæгты æмæ чызджы номæй уагъта рабафыст зианбаййафæгимæ.

Фыдгæнæджы æрцахстой, йæ ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг "хуыснæгдзинады" статьяйы фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0