Дзæуджыхъæуы центры æрцахстой хъæхъхъаг бирæгъы

© Пресс-служба МЧС по РСО-Алания Дзæуджыхъæуы центры æрцахстой хъыхъхъаг бирæгъы
Дзæуджыхъæуы центры æрцахстой хъыхъхъаг бирæгъы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сырдæн уыд агрессивон уагахаст æмæ лæбурдта парчы цы улæфджытæ уыд, уыдонмæ

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik, Болататы Алина. Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ æрцахстой агрессивон бирæгъы Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ фæлладуадзæн централон парчы, хъусын кæны регионалон УУМ-ы пресс-службæ.

"Диспетчерон службæмæ фæдзырдтой, парчы цы адæм улæфыдысты, уыдон. Цæстæйфенджыты ныхæстæм гæсгæ, сырд лæбурдта сывæллæттæм æмæ хистæр кары адæммæ. Уымæй фервæзынæн уыд æрмæстдæр иу фæрæз — фæдзурын ирвæзынгæнæн службæмæ", — загътой уагдоны пресс-службæйы.

Ирвæзынгæнджытæ æвæстиатæй атындзыдтой централон паркмæ, развæлгъау ветеринармæ фæдзургæйæ. Иумæйаг архæйдтыты фæрцы сын бантыст сырды æрцахсын.

Куыд рабæрæг, афтæмæй хъæддаг сырд алыгъд Дзæуджыхъæуы цæрæджы хисæрмагонд хæдзары вольерæй. УУМ-ы куыд банысан кодтой, афтæмæй ныртæккæ сырд нал у тасхæссæг цæрджытæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0