Уӕрӕсейаг згъорӕг фӕнд кӕны рекорд сӕвӕрын Ирыстоны хӕхты

© SputnikБурхох, Ирыстон
Бурхох, Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дмитрий Ерохин азгъордзӕн алайнаг ультрамарафон, кӕцыйӕн кӕрон скӕндзӕн Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны арӕныл

ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Уӕрӕсейаг згъорӕг, Уырыссаг географион ӕхсӕнады уӕнг Дмитрий Ерохин азгъордзӕн алайнаг ультрамарафон. Спортсмен фӕнд кӕны ӕрывӕрын рекорд Ирыстоны ацӕуынӕн цӕгатӕй хуссары онг, радзырдта уый журналисттӕн газет "Слово"-йы пресс-центры.

Альпинисттæ ахиздзысты Сæйраг Кавказаг рагъыл Хуссар Ирыстонмæ

180-километрон маршрут Цӕгат Ирыстоны туристон къахвӕндӕгтыл райдайдзӕн изӕры 12 июлы Ставрополы край ӕмӕ Цӕгат Иры хсӕн административон арӕныл, Мӕздӕджы районы. Йӕ балцӕн Ерохин кӕрон скӕндзӕн Хуссар Иримӕ арӕныл Зихъхъары ӕфцӕгыл.

Дмитрий Ерохин ӕрцыд Цӕгат Ирыстонмӕ Хетӕджы боны. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый райста хайад бӕрӕгбонон мадзӕлтты, уӕлдай арф тӕлмӕнтӕ та йыл ныууагътой ирон традицитӕ ӕмӕ уӕлибыхтӕ.

Згъорӕджы фӕндты ма ис регионы альпинисттӕ ӕмӕ туристтимӕ фембӕлын ӕмӕ ӕрдзурын семӕ спорты ацы хуызы райрӕзтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0