Рæдау лæвар: Цæгат Иры 100 сидзæры райсдзысты цæрæнуæттæ

Во Владикавказе сдали дом в рамках госпрограммы "Доступное жилье"
Во Владикавказе сдали дом в рамках госпрограммы Доступное жилье - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав баныфсæвæрдта сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæй 100-йæ фылдæры сифтонг кæнын цæрæнуæттæй

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав сидзæрдæтты хъомылгæнинæгтимæ йæ фембæлды рæстæджы баныфсæвæрдта уыдон цæрæнуæттæй сифтонг кæнын, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Мæздæджы æмæ Дзæуджыхъæуы сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтимæ. Цалынмæ фæсивæдæн хæдзæрттæ дæттой, уæдмæ уал æрбынат кæндзысты æмдзæрæндоны.

"Ныртæккæ сæрмагондæй ацы сывæллæттæн цалцæг кæнынц Реданты раздæры лагеры бæстыхай. Æмдзæрæндоны фæсивæдæн сæ бон цæрын уыдзæн, цалынмæ сын цæрæнуæттæ нæ радтой, уæдмæ. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав ныфс радта 100 адæймагæй фылдæры цæрæнуæттæй сифтонг кæнынæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Фембæлды ма архайдтой ахуырады æмæ зонады министрады минæвæрттæ, стæй сывæллæтты бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг Кокайты Артур.

Сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæ "Хуры тын" æмæ "Виктория"-йы хъомылгæнинæгтæ Битарты Вячеславæн балæвар кодтой сæхи конд нывтæ. Сæхæдæг та лæварæн райстой чырæ телефонтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0