Цæгат Иры ацыд фестиваль "Сабырад Кавказы – мах иумæ стæм!"

© Sputnik / Наталья АйриянВладикавказ
Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алы æмæ алы кары сæдæгай хайадисджыты цы фестиваль æрбамбырд кодта, уый программæйы уыдысты спортивон-бæхджын равдыст æмæ спортивон ерыстæ

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Эльхоты хъæуы уагъд æрцыд æхсæнрегионалон фестиваль "Сабырад Кавказы — мах иумæ стæм!", цы ран райстой хайад ЦКФЗ-ы республикæты делегацитæ — Дагестан, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар, Мæхъæл, Хъæрæсе-Черкесси, Адыгей, хъусын кæны РЦИ-Аланийы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.

Выступление ансамбля Симд  к 7-летию признания независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ансамбль "Алан" хайад райсдзæн дунеон фестиваль "Славяйнаг базар"-ы

Фестивалы хайадисджытæ æмæ уазджытæн "æгас цу" загъта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тъускаты Таймураз.

"Цæгат Кавказ у Уæрæсейы Федерацийы уникалон территори, уникалон йæ традицитæй. Ам дæргъвæтин æзты фæрсæй-фæрсмæ цæрынц сæдæ адæмыхаттæй фылдæр, се ′гъдæуттæ, æвзаг æмæ культурæ хъахъхъæнгæйæ. Цæрынц сабырады, ацы территорийыл цæрæг адæмты традицитæ æмæ динæн цыт кæнгæйæ. Ӕмæ нæ фæнды æрмæстдæр иу — цæмæй Кавказы уа сабырад, цыткæнынад æмæ кæрæдзи уарзондзинад", — загъта Тъускаты Таймураз.

Алы æмæ алы кары сæдæгай хайадисджыты цы фестиваль æрбамбырд кодта, уый программæйы ацы хатт уыдысты спортивон-бæхджын равдыст æмæ спортивон ерыстæ, тематикон семинартæ.

Хъусдарды центры ма уыдысты Уæрæсейы хуссары æхсæнэтникон æмæ æхсæнконфессионалон æмархайды фарстытæ, иугонд уæрæсейаг наци саразыны фадæттæ æмæ фæндæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0