Дзæуджыхъæуккаг лӕджы ӕрцахстой æнахъом чызджытӕн тыхми аразыны тыххӕй

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæФыдгæнæджы æрцахст
Фыдгæнæджы æрцахст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны 52-аздзыд цæрæджы ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг УФ УК-ы æртæ статьяйы фæдыл (æнахъомы ныхмæ сексуалон фыдракæнд саразын)

ЦХИНВАЛ, 24 июл — Sputnik. Дзæуджыхъæуы цæрæг бакодта тыхми йе ‘мкъайы æнахъом чызджытӕн, нымайы Цæгат Ирыстоны Слестгæнæн комитеты регионалон управлени.

Ведомствæйы зонæнтæм гæсгæ, горæты 52-аздзыд цæрæг ацы аз июлы сарæзта сексуалон тыхми йæ усы æнахъом чызджы ныхмæ, йæ æнæбон уавæрæй йын спайда кæнгæйæ.

Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
СК: Дзæуджыхъæуы æрцахстой 79-аздзыд цæрæджы чысыл лæппуйæн тыхми бакæныны тыххӕй

Уымæй дарддæр ма ацы уголовон хъуыддаджы равзæрсты фæлгæтты ӕргом æрцыд, 2013 азы ноябры ацы азымгонд, йæ ус хæдзары кæй нæ уыд, уымæй спайда кæнгæй, тыхæй кæй ныххæцыд йæ усы 12-аздзыд чызгыл дӕр.

"Уæдæй фæстæмæ, 2015 азы сæрдæй 2017 азы 9 июльмæ, азымгонд, зианбаййафæгимæ иу хæдзары цæргæйæ, системон æгъдауæй арæзта æнахъомы ныхмæ сексуалон архæйдтытæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ведомствӕйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, азымгонд цард йæ æмбæстагон усимæ, уый сывæллæттимæ фыццаг цардæмбалæй æмæ сæ иумæйаг сывæллæттимæ Дзæуджыхъæуы сæрмагонд хæдзæрттæй иуы.

Азымгонд ахст æрцыд. Йæ ныхмæ бакондæуыд уголовон хъуыддаг УФ УК-ы æртæ статьяйы фæдыл (æнахъомы ныхмæ сексуалон фыдракæнд саразын). Слестгæнæн органты домæнмæ гæсгæ, уый баконд æрцыд ахæсты.

Ног хабӕртты лентӕ
0