Джызæлдоны ссардтой аварийы фæстæ цæугæдонмæ ныххауæг нæлгоймаджы

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæДжызæлдон
Джызæлдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трассæ Дзæуджыхъæу-Хъобаныл фæндагон фыдбылызы бахауæг нæлгоймаджы ахаста цæугæдон

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Джызæлдоны ссардтой трассæ Дзæуджыхъæу-Хъобаныл фæндагон фыдбылызы бахауæг дыккаг нæлгоймæджы мард буар. Уый тыххæй 15 регион фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæ.

Цæугæдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры аварийы бахауæг нæлгоймаджы ахаста цæугæдон

Фæндагон фыдбылыз æрцыд трассæ Дзæуджыхъæу-Хъобаны 20-æм километрыл. "Лада-Приора"-йы шофыр не ′сырæхстис машинæ скъæрын æмæ сæмбæлд бæласыл. Зианбаййафджытæй иуы фæхæццæ кодтой Республикон клиникон рынчындонмæ, аннæ та ныххаудта доны.

"Нæлгоймаджы буар ссардтой аварийы бынатæй 5 км дæрддзæф. Агуырдтой йæ цалдæр къордæй. Се ′сконды уыдысты цæгатирыстойнаг УУМ-ы агурæн-ирвæзынгæнæн къорды ирвæзынгæнджытæ, афтæ ма бархионтæ заинбаййафæджы æмбæлтты нымæцæй", — загътой пресс-службæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0