Дзæуджыхъæуы экс-мэры ратдзысты æхсæнадæмон агуырдмæ

© Сайт УМВД по Смоленской областиМихаил Скоков
Михаил Скоков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уголовон хъуыддаг Дзæуджыхъæуы раздæры мэр æмæ йæ æмархайджыты ныхмæ, кæцытæм зæрдæ æхсайы бирæмилуанон хуыснæгдзинæдтæм, Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад нывæнды балхынцъ кæнын 2017 азы октябры

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Дзæуджыхъæуы раздæры мэр Дзантиаты Сергейæн рахæсдзысты зылыны тæрхон, расиддзысты ахст æмæ ратдзысты æхсæнадæмон агуырдмæ. Уый тыххæй пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, хъусын кæны Ossetia News.

Ныртæккæ лыгъд экс-мэр ис федералог агуырды, уымæ гæсгæ йæ ис агурæн æрмæстдæр Уæрæсейы территорийыл.

Виды Владикавказа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры полици райдыдта басгӕрст Дзантиаты Сергейы алыгъды фӕстӕ

"Мæйы æмгъуыдмæ йын рахæсдзыстæм зылыны тæрхон, расиддзысты ахст æмæ ратдзысты æхсæнадæмон агуырдмæ. Ӕмæ йæ уæд тагъд æрцахсдзыстæм", — фехъусын кодта Михаил Скоков.

Уый ма бафтыдта, уголовон хъуыддаг Дзæуджыхъæуы раздæры мэр æмæ йæ æмархайджыты ныхмæ, кæцытæм зæрдæ æхсайы бирæмилуанон хуыснæгдзинæдтæм, Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад кæй нывæнды балхынцъ кæнын 2017 азы октябры.

Министр ма радзырдта, кæй йæм æрбахатыдысты Дзантиаты Сергейы хиуæттæ равзæрст æрæхгæныны куырдиатимæ. Фæлæ Михаил Скоков баззад æнæсæттонæй.

"Ӕз цыт кæнын Дзантиаты мыггагæн, фæлæ фидарæй дзырд радтон, кæй æрцахсдзыстæм раздæры мэр æмæ йæ æмархайджыты. Законы ныхмæ чи рацыд, уый хъуамæ радта дзуапп", — загъта Скоков.

Афтæ ма Скоков аиуварс кодта дам-думтæ, зæгъгæ, Дзантиаты Сергей гæнæн ис æмæ уыдаид Цæгат Ирыстоны территорийыл зианæвæрæны.

Ног хабӕртты лентӕ
0