Цæгат Ирыстоны цæрæджы аххосджын кæнынц сывæллон фæнæмыны

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæРебенок у окна
Ребенок у окна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæздæджы цæрæг рæстæгæй рæстæгмæ надта йе ′мдзæрæджы 7-аздзыд лæппуйы

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Мæздæджы районы цæрæгмæ зæрдæ æхсайы йе ′мдзæрæджы 7-аздзыд лæппуйы фæнæмыны хъуыддагмæ, фехъусын кодтой 15 регион Цæгат Ирыстоны СК Слестгæнæн управленийы пресс-службæйы.

Фыдгæнæджы æрцахст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуккаг лӕджы ӕрцахстой æнахъом чызджытӕн тыхми аразыны тыххӕй

"18 июнæй 11 июлы онг Мæздæджы хисæрмагонд хæдзæрттæй иуы азымгонд рæстæгæй рæстæгмæ надта йе ′мдзæрæджы 7-аздзыд лæппуйы. Ныртæккæ сывæллон ис реабилитацион центры. Уголовон хъуыддаг дарддæр æвзæрст цæуы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Мæздæджы районы 29-аздзыд цæрæджы ныхмæ республикæйы Слестгæнæн комитет бакодта уголовон хъуыддаг УФ УК 117-æм статьямæ гæсгæ (æнахъомы хъизæмарæй марын).

Ног хабӕртты лентӕ
0