Туристты нымæц Китайæ фæфылдæр кæндзæн "Сырх маршрут"

© Sputnik / Руслан Вахаев /  Ахизын медиабанкмæКуырттаты ком
Куырттаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ростуризм: Цæгат Ирыстоны бацыд "Сырх маршрут"-мæ фæфылдæр кæндзæн туристты нымæц Китайæ

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны бацыд проектмæ "Сырх маршрут", кæцыйæ зæрдиагæй пайда кæнынц китайаг туристтæ, уыдзæн ахъаз регионы туристты нымæцы фæфылдæрæн. Уый тыххæй радзырдта Туризмы фæдыл федералон агентад, хъусын кæны РИА Новости.

Китайские туроператоры в Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тагъд рӕстӕджы фыццаг туристтӕн Китайӕ фадат уыдзӕн Цӕгат Ирмӕ ӕрцӕуын

Цæгат Ирыстон у Цæгат Кавказы туризмы традицион центртæй иу. Республикæйы туристон хъомыс аразынц уникалон æрдз æмæ ландшафт, цымыдисон культурон-историкон бынтæ æмæ хосгæнæн ресурстæ.

Республикæйы ис минералон дæтты иумæйаг классификацийы 6 бальнеологон къорды, ис дзы хосгæнæн цъыфтæ. Ӕппæт уыдæттæ дæттынц фадат егъау хосгæнæн-курортон центр суæвынæн. Архитектурæ æмæ историйы цыртдзæвæнтæ аразынц Цæгат Ирыстоны зæрдæмæдзæугæ культурон туризмы табугæнджытæн.

"Туристты æрбаздахынæн ахъаз уыдзæн Цæгат Ирыстоны бацыд æхсæнрегионалон туристон маршруттæм, сæрмагондæй, "Сырх маршрут"-мæ, кæцы у зындгонд Китайæ уазджыты æхсæн æмæ кæцыты нымæц Уæрæсейы фылдæр кæны азæй азмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

"Ростуризм"-ы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй Цӕгат Иры санаторон-курортон потенциалы реализаци фадат ратдзӕн республикӕмӕ бирӕнымӕц туристты хонынӕн, уый та фӕахъаз уыдзӕн йӕ социалон-экономикон райрӕзтӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0