Дзæуджыхъæуы хæлцы дуканийы зынгсирвæзты фæстиуæгæн ис иу зианбаййафæг

© Sputnik / Игорь Онучин /  Ахизын медиабанкмæПожарный
Пожарный - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дуканийы зынгсирвæзты тыххæй хъусынгæнинаг радгæсонмæ бацыд æхсæвы 2:30 сахатыл

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Дзæуджыхъæуы цæрæг баййæфта зиан зынгсирвæзты рæстæджы, кæцы сгуылф кодта Пожарскийы уынгыл хæлцы дуканийы, фехъусын кодтой РЦИ-Аланийы УУМ-ы пресс-службæйы.

Цхинвалы басыгъд хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы басыгъд хæдзар: сыхæгтæ дзурынц зынгæфтыдыл

30 августмæ æхсæвы сыгъдхуыссынгæнæн дæлхайадмæ бацыд фæсидт. Фехъусын кодтой, дуканийы кæй ссыгъд уазалгæнæн.

Цауы бынатмæ бацæуæг ирвæзынгæнджытæ, цалдæр минутмæ ахуыссын кодтой зынгсирвæзт.

Цауы фæстиуæгæн иу адæймаг райста сыгъдтæ æмæ бахауд рынчындонмæ.

Сыгъхуыссынгæнæн мадзæлтты хайад истой 2 машинæйы æмæ 9 адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0