Беслæны мысынц теракты амæттæгты

© Sputnik / Михаил Мамонтов /  Ахизын медиабанкмæБеслæн
Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ 1000 адæймагæй фылдæр æрбацыдысты Беслæны теракты амæттæгты рухс нæмттæ ссарынмæ

ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Беслæны райдыдтой 2004 азы 1, 2 æмæ 3 сентябры террористон акты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ссарыны фæдыл фыдохы мадзæлттæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.

Акция памяти жертв бесланской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслӕны фӕстӕ 1 сентябрь Ирыстоны бӕрӕгбон нал у

Райсом 8 сахатæй Беслæны 1-æм скъолайы спортивон залы æмæ кæрты хъуысы фыдохы музыкæ. 9.15 сахатыл айзæлыд скъолайон дзæнгæрæг. Растдæр ацы рæстæджы 13 азы размæ террористтæ балæбурдтой скъоламæ.

Спортзалы цы мемориалон комплекс арæзт æрцыд, уырдæм цæуынц адæм æмæ судзынц цырæгътæ, ныууадзынц донимæ мигæнæнтæ. Чидæртæ дзы кувынц Хуыцаумæ, къултыл конд бабынуæвæг сывæллæтты къамтæм кæсгæйæ. Ӕндæр регионтæй æрцæуæг журналисттæ ныхас кæнынц трагедийы амæттæгты хиуæттимæ. Комитет "Беслæны мæдты"- комитетæй сылгоймæгтæ лæууынц иумæ.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав, парламенты сæрдар Алексей Мачнев, республикон ведомствæты сæргълæуджытæ фыдохы церемонийы хайадисджытимæ бацыдысты спортзалмæ, цæмæй сæвæрой дидинтæ æмæ ссудзой цырæгътæ.

© Официальный портал Республика Северная Осетия-АланияРеспубликæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ 1000 адæймагæй фылдæр æрбацыдысты Беслæны теракты амæттæгты рухс нæмттæ ссарынмæны
В Беслане вспоминают жертв теракта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ 1000 адæймагæй фылдæр æрбацыдысты Беслæны теракты амæттæгты рухс нæмттæ ссарынмæны

20.00 сахатыл скъолайы территорийыл ацæудзæн мысæн акци, ссудздзысты сæдæгай цырæгътæ. Фыдохы мадзæлттæ Беслæны цæудзысты æртæ боны дæргъы.

2 сентябры республикæйы скъолаты ауадздзысты урок "Нæ – террорæн!". 3 сентябры та райдайдзæн дзуарцыд бабынуæвджыты къатимæ.

2004 азы 1 сентябры террористтæ систой амынæты 1128 адæймаджы æмæ сæ æртæ боны дардтой æнæ хæрд æмæ æнæ донæй минæтææвæрд спортивон залы. Трагедийы фæмард 334 адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0