Цæгат Иры скуынæг кодтой цыппар террористы

 /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры скуынæг кодтой цыппар террористы
Цæгат Иры скуынæг кодтой цыппар террористы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Террористтæ бацыдысты афтæ хуыйнæг Пысылмон паддзахады скондмæ æмæ фæнд кодтой цалдæр теракт саразын

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Уæрæсейы терроры ныхмæ националон комитет хъусын кæны Цæгат Ирыстоны цыппар боевикы скуынæг кæныны тыххæй, дзырдæуы РИА Новости хъусинаджы.

"Знон Цæгат Ирыстон-Аланийы куынæг æрцыдысты цыппар боевикы. Цыппæрæм бандит автоматон хæцæнгарзæй æхста барадхъахъхъæнæг органты минæвæртты æмæ бафæлвæрдта йæхи бааууон кæнын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Аннæ æрттæ боевикы куынæг æрцыдысты 6 сентябры, цыппæрæм дæр уыд ацы къордæй. Æртæ террористы бацыдысты ПП (пысылмон паддзахады) скондмæ æмæ фæнд кодтой цалдæр теракт саразын. Уыдоныл æрхъула кодтой Суаргомаг комы. Барадхъахъхъæнæг органты домæны ныхмæ уыдон райдыдтой æхсын. Ныхмæлæуд ахицæн ис тагъд, боевиктæ куынæг æрцыдысты. Цæрджыты æмæ бардхъахъхъæнæг органты хсæн зиæнттæ не ʻрцыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0