"Иугонд Уæрæсе" рамбылдта Цæгат Иры парламентон æвзæрстытæ

© Sputnik / Анна Кабисова В Северной Осетии завершилось голосование в республиканский парламент
В Северной Осетии завершилось голосование в республиканский парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны ЦӔК фехъусын кодта хъæлæсæппæрсты развæлгъау бæрæггæнæнтæ

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik, Къæбысты Анна. Центрæвзарком ныммыхуыр кодта Цæгат Ирыстоны парламентмæ æхсæзæм æрсидты депутатон æвзæрстыты хатдзæгтæ.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент ӕрывнӕлдта куыстмӕ сӕрдыгон каникулты фӕстӕ

Æнæмæнгхъæуæг проценттæ райстой цыппар партийы: "Иугонд Уæрæсе", "Справедливая Россия", "КПРФ" æмæ "Патриоты России".

Æмбисæхсæв ацыд ЦӔК-ы сæрдар Морготы Жаннайы пресс-конференци, цы ран уый фехъусын кодта муниципалон органтæм æмæ парламентмæ æвзæрстыты развæлгъау хатдзæгтæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæлæскæныны хайад райстой адæмы 55%, фылдæр хъæлæстæ райстой — "Иугонд Уæрæсе", "КПРФ", "Справедливая Россия" æмæ "Патриоты России".

ЦӔК–ы сæрдар ма комментаритæ скодта, социалон хызæджы цы видео 'рцыд мыхуыр, уымæн, цы ран сылгоймаг бафæлвæрдта ныппарын фондз бюллетены.

"Ӕбæрæг адæймаг бафæлвæрдта ныппарын бюллетеньтæ, мах архайæм ацы фарст рафæлгъауын. Информаци куы райстам, уæд уырдæм уайтагъд арвыстам юристты къорд", — загъта Морготы Жанна.

Кæройнаг хатдзæгтæ мыхуыр æрцæудзысты æввахс рæстæджы.

Уæрæсейы хицæн æмвæзадты æвзæрстытæ ацыдысты 10 сентябры. Цæгат Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты архайдтой: "Иугонд Уæрæсе", "Партия роста", КПРФ, ЛДПР, "Патриоты России", "Альянс зеленых", "Справедливая Россия" æмæ "Родина".

Ног хабӕртты лентӕ
0