УУМ-ы кусджытæ фервæзын кодтой сывæллоны хохы къуылдымыл Цъæйы

© Sputnik / В. Алексеев /  Ахизын медиабанкмæТурбазæ "Цъæй"
Турбазæ Цъæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны УУМ-ы кусджытæ фервæзын кодтой хохы къуылдымыл 16-аздзыд сывæллоны, кæцы уыд уадзыг

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Цæгатирыстойнаг УУМ-ы агурæн-ирвæзынгæнæн дæлхайады ирвæзынгæнджытæ ауагътой Цъæйы 16-аздзыд сывæллоны фервæзын кæныны фæдыл операци, уый райста серьезон травмæтæ къуылдымыл тезгъо кæнгæйæ, хъусын кæны республикæйы УУМ-ы пресс-службæ.

Ӕрыгон лæппуйы къах фæбырыд æмæ райста сæры травмæ æмæ уыд уадзыг ирвæзынгæнджыты æрбацыды онг. Ведомствæйы кусджытæ бакодтой зианбаййафæгæн фыццаг æххуыс æмæ йæ къуылдымыл бынмæ æруадзгæйæ, радтой тагъд æххуысы дохтырты къухтæм.

Ӕдæппæт операцийы райстой хайад 5 адæймаджы æмæ 2 иуæджы техникæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0