Дзӕуджыхъӕуы Уӕлдӕр тӕрхондон сфидар кодта куырдиӕттӕ ирон ӕвзагыл исыны бар

© Sputnik / Анна КабисоваДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конституцион тæрхондон сразы ис Цӕгат Ирыстоны цӕрӕджы домӕнимӕ Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ куырдиӕттӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕвдисыны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Конституцион тæрхондон бафидар кодта республикӕйы цӕрджыты бар Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ хъастытӕ фыссыны рӕстӕджы ирон ӕвзагӕй пайда кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Мобилон уæлæмхасæн Ирон чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Базон-базон" ӕмӕ "Ирон чиныг" апырх сты мобилон телефонты

Ацы куырдиатыл бакуыстой адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг Уалыты Эльбрусы домæнмæ гæсгæ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕ фарон декабры фæсидт республикæйы цæрæг Сæлбиты Гæирбег. Йæ хъасты мидис уыд, йæ конституцион бар хæлд кæй æрцыд, уый. Сæрмагондæй та йын республикæйы сæйраг тæрхондон нæ райста йæ куырдиат, иронау фыст кæй уыд, уый тыххæй, кæд паддзахадон æвзагыл нымад у, уæддæр.

"Фарст сбæлвырдгæнгæйæ, конституцион тæрхондон рахаста уынаффæ, мадæлон æвзаг паддзахадоныл нымад куы уа, уæд дзы пайда кæнæн ис иумæйаг юрисдикцийы федералон тæрхондæтты, уыдоны ‘хсæн сæйраг тæрхондоны дæр", — дзырдӕуы хъусинаджы..

Ацы хъуыддаг нæ хауы æрмæст арбитражон æмæ Дзæуджыхъæуы æфсæддон тæрхондæттæм. Афтæмæй, хаст æрцыд Цæгат Ирыстоны сæйраг законы 26-æм статьяйы 2-æм хай райхалыны хъуыддаджы фæдыл кæронтæбæттон уынаффæ. Уымæ гæсгæ, алкæмæн дæр ис мадæлон æвзагæй пайда кæныны, стæй дзурыны, хъомыл кæныны, ахуыр кæныны æмæ сфæлдыстады æвзаг æвзарыны бар.

Ног хабӕртты лентӕ
0