Хæдтулгæ мады капиталæй: Цæгат Иры парламент æркаст капитал райсыны ног фадæттæм

© Sputnik / Фатима ПлиеваБыценты бинонтæ
Быценты бинонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2007-æм азы программæ куы рацыд, уæдæй фæстæмæ йын радих кодтой иу триллион сомæй фылдæр

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны парламент сразы ис мады капиталы хæрдзтæй бинонтæн хæдтулгæ балхæныны фадат раттыныл, хъусын кæны ПТРК "Алани".

Путин бахаста æнхъарæн мады капитал ноджы дыууæ азмæ адарддæр кæнын

Сертификаттæ райстой 7 милуан 500 ныййарæджы. Фæлæ ацы рæстæгмæ фæрæзтæй спайда кодтой æрмæстдæр се 'мбис. Цалдæр сæдæ миллиарды нырма сты æнæвнæлд. Хуссар Иры цæрджытæй Цæгат Ирыстоны фыст чи ис, уыдон дæр мады капитал исынц уым.

"Мады капиталæй чи нæма спайда кодта, уыдонæн фадат уыдзæн сæ райсын машинæ балхæныны нысанæн. Уыцы хъуыдыимæ сразы сты Цæгат Иры парламенты советы. Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады комитеты сæрдар Реуазты Лариса загъта, ома, чизоны адæм нæ арынц, æххуыс сын чи уыдзæн, ахæм паддзахадон æххуыс. Æмæ бирæсывæллонджын, кæнæ та йе "нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм сывæллон цы бинонты хъомыл кæны, уыдонæн машинæ райсын уыдзæн пайда", — дзырдæуы хъусинаджы.

2007-æм азы программæ куы рацыд, уæдæй фæстæмæ йын радих кодтой иу триллион сомæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0