Ирон богалтæ рамбылдтой 14 майданы æхсæнадæмон турниры

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæВольная борьба
Вольная борьба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæгъдибар стилы ирон богалтæ æрластой республикæмæ 14 фыццаг æмæ призон бынæттæ æхсæнадæмон турнирæй Нефтеюганскæй

ЦХИНВАЛ, 31 окт— Sputnik. Ирыстонæй богалты къухты бафтыд æндæр æмæ æндæр аргъы 14 майданы уæгъдибар хъæбысхæстæй XIV æхсæнадæмон турнирæй Нефтеюганскæй, хъусын кæны мыхуыры фæрæз "Слово".

Бестауты Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы фыццагадæй цхинвайлаг богал Бестауты Андрей æрхаста æвзист майдан

Турниры сыгъзæрин майданты хицæуттæ ссисты Хуыгаты Алан(125 кг) æмæ Гоститы Александр (86). Сæхи уæзы категориты дыккаг бынæттæ бацахстой Сидахъты Заурбег (70 кг), Ходты Азæмæт (61 кг), Мæхъиты Заур (86 кг), Къозонты Заур (125 кг), Наниты Славик(69 кг) æмæ Гогаты Георгий (97 кг).

"Бронзæ" республикæмæ æрластой Найфонты Артур (86 кг), Цæкуылаты Батырбег (86 кг), Хынцæгты Сослан (125 кг), Гæззаты Ацæмæз (125 кг), Санахъоты Ацæмæз (74 кг), Хæбæлаты Чермен.

Къозонты Зауыры аппæрст ма æрцыд нымад иууыл рæсугъддæрыл æмæ уый тыххæй райста сæрмагонд хорзæх Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы вице-президент Владимир Семеновы къухæй.

Владимир Семеновы призтыл урнир уагъд цыд 28-29 октябры Нефтеюганскы 14-æм хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0