Дзæуджыхъæуы цæрæг рамбылдта 5 млн сомы лæтæрейы

© Sputnik / Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæВсероссийская государственная лотерея Гослото
Всероссийская государственная лотерея Гослото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмбулæггаджы хицау нырма не ′рбацыд йе ′хцаты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуы цæрæг рамбылдта лæтæрейы 5 милуан сомы, билет æрмæстдæр 50 сомæй балхæнгæйæ.

"Дзæуджыхъæуы цæрæг, кæцы рамбылдта лæтæрейы 5 милуан сомы, не ′рбацыд йе ′хцатæм. Ныр æй агурынц организатортæ", — хъусын кæны "Регион онлайн".

Дзæуджыхъæуы цæрæг балхæдта амондджын билет æрмæстдæр 50 сомæй, афтæмæй та ссис егъау æмбулæггаджы хицау. Йæ ном ын нæ рахъæр кодтой. Фыццаджыдæр, йæ æдасдзинады нысанæн.

Ӕмбулæггагæн нæй æвиппайды райсæн. Ацы процедурæйæн бæлвырд æрцæуы æмгъуыд æртæ азмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0