Дзæуджыхъæуы цыппар цæрæджы фервæзын кодтой артæфтыд хæдзарæй

© Sputnik / Игорь Онучин /  Ахизын медиабанкмæСыгъдхуыссынгæнæн службæ
Сыгъдхуыссынгæнæн службæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы столицæйы уыд зынгсирвæзт цæрæн хæдзары – авд адæймаджы æрцыдысты эвакуацигонд

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Дзæуджыхъæуы центры бирæуæладзыгон хæдзары зынг хуыссын кæныны рæстæджы аирвæзын кодтой цыппар адæймаджы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæ. Ноджы ма авд адæймаджы æрцыдысты эвакуацигонд.

Цхинвалы басыгъд хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы басыгъд хæдзар: сыхæгтæ дзурынц зынгæфтыдыл

Зынгсирвæзты тыххæй хъусынгæнинаг бацыд УУМ-ы сæйраг управленимæ цыппæрæмы, 30 ноябры. Цауы бынатмæ фæхæццæ сты 2-æм сыгъдхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн дæлхайады радгæсон хъарагъултæ æмæ сыгъдхуыссынгæнæн службæйы радгæсон сменæ. Зынгвæдисонты бацыдмæ артæфтыд уыд бирæуæладзыгон хæдзары агъуыст. Ссыгъды фæзуат уыд 9 квадратон метры бæрц. Сыгъд ахуыссын кæныны æмрæстæджы,сæрмагонд службæтæ уагътой адæмы фервæзын кæныны æмæ эвакуацийы фæдыл мадзæлттæ дæр.

Цауы бынаты кусынц фæлварæн сыгъдхуыссынгæнæн лабораторийы специалисттæ, кæцытæ архайынц зынгсирвæзты аххосæгтæ рафæлгъауыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0