Цæгат Ирыстоны хъомыл кæндзысты сæхи ногазон назтæ

© Flickr / brent flandersНогазон назтæ
Ногазон назтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Назтæ хъомыл кæндзысты сæрмагонд плантацийыл 1-1,5 метры бæрзæнды базарадон хуызы онг

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æрдзы министрад фехъусын кодта, ногазон назтæ хъомыл кæныны тыххæй кæй сараздзысты сæрмагонд плантаци, хъусын кæны ведомствæйы пресс-службæ.

Цæгат Ирыстоны æрдзон ресурстæ æмæ экологийы министр Мамиты Чермены ныхæстæм гæсгæ, назты хъомыл кæнын сæрмагондæй ногазон бæрæгбонмæ у ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг мадзал. Ног азы размæ республикæйы цы назтæ уæй цæуынц, уыдонæн сæ фылдæр вæййынц æрбаласгæ.

Кремлаг наз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг сабитӕ ацӕудзысты Кремлаг назмӕ

"Ныууадзæм фæстейæ уыцы рæстæг, æввахс хъæдты æгъатырæй цагъд куы цыдысты назтæ. Нырыккон дуджы уæй кæныны нысанæн назтæ хъомыл кæнынц сæрмагонд плантациты. Уыдон лыг цæуынц бæлвырд схемæмæ гæсгæ. Иуты дзы цалынмæ уæй кæнынц, аннæтæ уæдмæ нырма рæзынц базарадон хуызы онг. Ныфс нæ ис сæрмагонд плантацийы сырæзтимæ, мах кæй райдайдзыстæм уадзын нæхи сæрмагонд рæсугъд æмæ аслам назтæ, æмæ сæ Ног азы размæ цæрджытæ фæлынддзысты сæ хæдзæрттæ", — загъта министрады сæргълæууæг Мамиты Чермен.

Ацы нысанæн рахицæн æрцæудзæн сæрмагонд плантаци, цы ран байтаудзысты нæзыты тауинæгтæ. Бæлвырд рæстæджы фæстæ, уыдон сæ базарадон хуызы онг (1 – 1,5 метры бæрзæнды онг) куы сырæзой, уæд сæ лыг кæндзысты бæлвырд схемæмæ гæсгæ. Ахæм бæрзæнды онг та бæлæстæ сырæзынц фондз-авд азмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0