Ирыстоны мысынц Къудухты Бесикы рухс ном

© InstagramХасан Бароев
Хасан Бароев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕг фӕмард 2013 азы 29 декабры автомобилон катастрофӕйы

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Ирон номдзыд хъæбысхæцæг, олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты призер æмæ дунейы цыппар хатты чемпион Къудухты Бесикы майрæмбоны мысынц Ирыстоны. Дзæуджыхъæуы Намысы Алейы æрыгон богалтæ дидинтæ сæвæрдтой йæ цыртыл, хъусын кӕны 15 регион.

Раст цыппар азы размæ 29 декабры автомобилон катастрофӕй фæмард 27-аздзыд курдиатджын ирон хъæбысхæцæг Къудухты Бесик.

Вольная борьба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгатирыстойнаг богалтӕ рамбылдтой Къудухты Бесикы номарӕн турнир Цхинвалы

Номдзыд богалы æрæмысынмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты æмбырдгонды минæвæрттæ сæйраг тренер Гозымты Хетæджы сæргълæудæй, Спорты министрады кусджытæ æмæ кæй зæгъын йæ хъæуы Бесикы тренер Гозойты Валентин.

Къудухты Бесик райгуырд 1986 азы Ленингоры районы Цхилоны хъæуы. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон богал у дунейы цыппар хатты чемпион (2007, 2009, 2010, 2011 ӕзты), у 2007 азы Европæйы чемпион, 2008 азы Пекины Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер æмæ 2012 азы Лондоны Олимпиаг хъæзтыты æвзист призер.

Бесикы ном ма хӕссынц уынгтæ Краснодары æмæ Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0