"Дом" æви "Хæдзар": америкæйаг мультфильм ратæлмац кодтой ирон æвзагмæ

© КиноПоискМультфильм "Хæдзар"
Мультфильм Хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ бонмæ мультфильм "Хæдзар"-мæ бакастысты 3 мин хатты

ЦХИНВАЛ, 19 янв— Sputnik. Цæгатирыстойнаг активист Бутаты Зауыр ратæлмац кодта ирон æвзагмæ мультфильм "Дом", хъусын кæны газет "Слово".

Йæ куысты Зауырæн æххуыс кодтой йе ′мгæрттæ – Найфонты Габо, Уалыты Аслан, Саулауты Иден æмæ Бутаты Батрадз.

Хæрдзтæ иууылдæр йæхимæ райста Зауыр. Фæлæ йæ куыстæй у райгонд. Зауыр нæ хъавы ууыл æрлæууын. Дарддæр та æмхъуыдыгæнджыты къорд нывæнды ратæлмац кæнын мультфильм "Моана". Фæлæ уый тыххæй уыдон фæнд кæнынц кастинг ауадзын, цæмæй хъайтартæн радтой иууыл аккагдæр хъæлæстæ.

"Тынг ахсджиаг у раттын "раст" хъæлæстæ хъайтартæн, уымæн æмæ мах æвдисдзыстæм мультфильм Ирыстоны – хъуамæ дзы райсой хайад къуыдайрæгтæ, дыгурæттæ æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ кастинг ауадзыны тыххæй хъæуы бæстыхай, уый та нæ къухты, хъыгагæн, ныртæккæ нæй", — загъта проекты автор.

Ног хабӕртты лентӕ
0